Дала-фӕндыр ӕмӕ балалайка: ирон мотивтӕ уырыссаг инструментыл

Рафыссын
Уырыссаг адӕмон балалайкайыл гӕнӕн ис ацӕгъдын ирон музыкӕ дӕр, ӕцӕг дала-фӕндырмӕ абаргӕйӕ йӕ зӕлтӕ сты бӕзджындӕр

Ирон адӕммӕ дӕр ис ӕртӕтӕнон музыкалон инструмент - дала-фӕдыр, кӕцы у уырыссаг балалайкайы ӕнгӕс, фӕлӕ хицӕн кӕнынц сӕ зӕлдӕй.

Дыууӕ дӕр сты ӕртӕтӕнон, фӕлӕ сӕм уӕддӕр, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ис хицӕндзинӕдтӕ: балалайка у ӕртӕкъуымон, дала-фӕндырӕн та  дӕргъӕццон. Дала-фӕндыры зӕлтӕ сты лыстӕгдӕр. 

Хуссар Ирыстоны ис адӕм, кӕцытӕ цӕгъдынц дыууӕ инструментыл дӕр - сӕ иуыл куы базонай, уӕд иннӕуыл дӕр ацӕгъддзынӕ ӕнцонтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0