Уæрæсейы мобилон госпиталæн балæвар кодтой дыргътæ – видео

Рафыссын
Амалиуæгады минæвæрттæ мæйрæмбоны баластой сæ тыллæгæй æфсæддон медиктæн æмæ сæ рынчынтæн

Аграрон хӕдзарад "Южной сад" балæвар кодта 30 асыкк фæткъуытӕ уæрæсейаг ӕфсӕддон-быдырон госпиталӕн, кӕцы ӕрбынат кодта Цхинвалы стадионы коронавирусӕй рынчынтӕн хос кӕныны нысанӕн.

Хуссары Ирыстоны фӕстаг мӕй фӕкарздӕр ис коронавирусы фӕдыл уавӕр. Медкластеры объекттӕ рынчынтыл кӕй нал ӕххӕссынц, уымӕ гӕсгӕ республикӕйы размынад ракуырдта ӕххуыс Уӕрӕсейӕ. Дыццӕджы ӕфсӕддон-быдырон госпиталь ӕрхӕццӕ Цхинвалмӕ.

Хуссар Ирыстоны егъау хъӕууонхӕдзарадон амалиуӕгадӕн уый сӕ иунӕг гуманитарон акци нӕу. Амалиуæгад "Южный сад " ныр дыккаг аз йæ тыллӕджы иу хай дæтты скъолатӕн ӕмӕ сабидӕттӕн Цхинвалы, ХИПУ-йӕн, колледжтӕн, Зӕрӕдты хӕдзарӕн ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонтӕн. Ӕххуысы иу гуырахст та цæуы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады хаххыл.

"Южный сад" у Хуссар Ирыстоны территорийыл аграрон инвестпроекты ӕвӕрццӕг дӕнцӕг. 2020 азы арвыста 350 тоннӕйы фӕткъуы фӕсарӕнты базармӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0