Кокойты Тарзан Зары трагедийы тыххӕй: ирон адæмы хъæдгом 29 азмӕ нæ байгас

Рафыссын
Мидхъуыддæгты министры хæдивæг, парламенты цалдæр æрсидтыты депутат Кокойты Тарзан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны интервьюйы радзырдта Зары трагедийы тыххæй

Хуссар Ирыстоны историйы 1992 азы 20 май фыст æрцыд тугæйдзаг дамгъæтæй. Уыцы бон Зары фæндагыл гуырдзиаг тугдзыхтæ ныццагътой 33 ироны.

Кокойты Тарзан банысан кодта, зæгъгæ, уыцы рæстæджы рабæрæг, знаг кæй æрæвнæлдта ирон адæмы сурынмæ нæ, фæлæ ныццæгъдынмæ.

"Куы ссыдыстæм Зары къуылдыммæ, уæд ахæм нывтæ федтам, кæцытæ лæг фены æрмæстдæр кинонывты, уый æппæт адæм кæрæдзи уæлæ калдæй, туг лæсæн кодта", - æрымысыд раздæры депутат.

Кокойты Тарзан ма куыд банысан кодта, афтæмæй кæд уыцы бонæй ныр рацыд 29 азы, уæддæр ирон адæмы хъæдгом нырма дæр нæ байгас ис.

Ног хабӕртты лентӕ
0