Куыд цæрынц швейцариаг сӕгътæ Хуссар Иры

Рафыссын
Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуӕй рацӕугӕ Бибылты Олег сфӕнд кодт ӕрцӕрын кӕнын Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг сӕгъты мыггаг

Фермер швейцариаг сӕгъты Хуссар Ирыстонмӕ ӕрласта ивгъуыд азы. Урс-урсид рӕгъӕуттӕ тезгъо кӕнынц Тъбеты хъӕуы Бибылты сыхы. Фӕсарӕйнаг "уазджытӕ" хуссайраг уавӕрты сӕхи хатынц хорз.

Сӕ хицӕуттӕ - ӕвзонг къай Бибылты Олег æмæ Козаты Этерийы зӕрдӕтӕ райынц стыр цот ӕмӕ хӕрзгъӕд урсагӕй ӕмӕ сæ хъомтӕ æнæхъусдард нæ уадзынц.

Уый бафиппайдта, зӕгъгӕ, бирӕ адӕм натуралон ӕхсыр фӕфауынц йӕ тӕфы тыххӕй, фӕлӕ тъбеттаг сӕгъты ӕхсыр уыцы аиппӕй дӕр цух у.

Амалиуӕггӕнӕг нымайы, ацы куыст ӕнӕмӕнг кӕй суыдзӕн пайдаджын, ӕрмӕст продукци домы тагъд реализаци. Кӕд Хуссар Иры ӕруарзой ӕнӕниздзинадӕн пайдаджын ӕмӕ хӕрзад сӕгъы ӕхсыр, уӕд ныфс дӕтты, ноджы кӕй рауӕрӕх кӕндзӕн йӕ фермӕ.

Ныридӕгӕн хӕдзарад дӕтты ӕрмӕст ӕхсыр, уый ӕнахуыр пайдаджын ӕууӕлтӕ рагӕй фӕстӕмӕ бӕрӕг сты, ӕгӕрыстӕмӕй йӕ амонынц лӕмӕгъ ӕнӕниздзинадимӕ сывӕллӕттӕн, афтӕ ма фӕтары кӕны аллерги дӕр. Фермер фӕстӕдӕр фӕнд кӕны йӕ урсаджы продукци рауӕрӕх кӕнын - йӕ урс фосы рӕгъаумӕ ма ноджы хъулон сӕгътӕ дӕр бамбал кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0