Федерацийы совет сратификаци кодта Хуссар Ир ӕмӕ "Газпром"-ы ӕхсӕн бадзырд

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæУФ Федерацийы Советы рабадт
УФ Федерацийы Советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документмӕ гӕсгӕ, уӕрӕсейаг газы компани балхӕндзӕн Хуссар Ирыстоны хай иумӕйаг куыстуат "Газпром-Хуссар Ирыстон"-ы иу сомӕй

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Бадзырд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауадты ӕхсӕн "Газпром-Хуссар Ирыстон"-ы акциты балхӕнын ӕмӕ куыстуаты дарддӕры архайды тыххӕй сратификаци кодта ӕртыццӕджы уӕрӕсейаг парламенты уӕлдӕр палатӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

Документмӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны хай иумӕйаг куыстуат "Газпром — Хуссар Ирыстон"-ы балхӕндзысты иу сомӕй — афтӕмӕй "Газпром"-ы хай ацы куыстуаты уыдзӕн 100%.

УФ Паддзахадон думӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон думӕ сратификаци кодта Газпром ӕмӕ Хуссар Иры ӕхсӕн бадзырд

"Газпром" хъуамӕ сӕххӕст кӕна инвестицитӕ 2 миллиард сомы бӕрц Хуссар Ирыстоны газы хызӕгты райрӕзты, фехъусын кодта УФ энергетикӕйы министр Александр Новак. Бадзырд, кӕцы фыст у 35 азмӕ, гаранти дӕтты ОАО "Газпром — Хуссар Ирыстон"-ы финансон-хӕдзарадон архайды стабилон уавӕртӕн.

"Газпром" 2009 азӕй фӕстӕмӕ райдыдта уадзын ӕрдзон газ Хуссар Ирыстонмӕ Уӕрӕсейы территорийы "Дзуарыхъӕу-Цхинвал" газы хӕтӕлы уылты. Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны домӕнтӕ ӕрдзон газӕй сты 35-36 милуан кубометр азы ӕмӕ иууылдӕр ӕххӕст цӕуынц уӕрӕсейаг газы хӕтӕлӕй, фехъусын кодта хицауад.

2015 азы РХИ хицауад сфидар кодта Хуссар Ирыстоны газифтонгады генералон схемӕ 2025 азмӕ, кӕцы сарӕзта "Газпром". Ацы схемӕмӕ гӕсгӕ газ бауадздзысты 190 цӕрӕн пунктмӕ ӕмӕ сараздзысты поселокты ӕхсӕн 528 километр газы хӕтӕл, поселокты мидӕг та 3473 километры. Ацы схемӕйы реализацийӕн рахицӕн кӕндзысты 2 миллиард сомы. Генералон схемӕмӕ гӕсгӕ 2025 азмӕ Хуссар Ирыстоны газы фӕлхас фӕфылдӕр уыдзӕн фондз хатт. Уымӕ гӕсгӕ "Дзуарыхъӕу-Цхинвал" газы хӕтӕлы куыстхъомдзинад фӕфылдӕр уыдзӕн 2025 азы 74 процентмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0