Шереметьевойы уӕлвӕткон цауы фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 41 адӕймаджы

© Sputnik / Сергей Мамонтов /  Ахизын медиабанкмæШереметьевойы ссыгъд хӕдтӕхӕг
Шереметьевойы ссыгъд хӕдтӕхӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕдтӕхӕг ӕрбадт дыккаг хаттӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ ссыгъд

ЦХИНВАЛ, 6 мая - Sputnik. Хӕдтӕхӕг Sukhoi Superjet 100, кӕцы тахт Мӕскуыйӕ Мурманскмӕ, экстренон уавӕры ӕрыздӕхт фӕстӕмӕ Шереметьевомӕ. Катастрофӕйы фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 41 адӕймаджы, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Фӕдагуырды комитет.

Экипажы 4 уӕнг ӕмӕ 33 пассажиры фервӕзтысты. Ӕхсӕз адӕймаджы аластой рынчындонмӕ, уыдонӕй ӕртӕ сты уӕззау уавӕры.

Хӕдтӕхӕг Sukhoi Superjet 100-имӕ бӕллӕх ӕрцыд хуыцаубоны изӕры. Хӕдтӕхӕг тахт Мӕскуыйӕ Мурманскмӕ. 28 минуты фӕстӕ экипаж аскъуыддзаг кодта ӕрыздӕхын столицӕйы аэропортмӕ.

Ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй хӕдтӕхӕг ӕрбадт ӕрмӕст дӕр дыккаг хаттӕн. Уый фӕстӕ ссыгъдысты йӕ мотортӕ ӕмӕ фӕстаг хай.

Мурманскы областы расидтысты ӕртӕбонон фыдох. Амӕттӕгты бинонтӕ райсдзысты фӕйнӕ милуан сомы, кӕцыдӕр зианбаййафджытӕ та фӕйнӕ 500 мин сомы.

Трагедийы фӕстӕ Фӕдагуырды комитет бакодта уголовон хъуыддаг, премьер-министр Дмитрий Медведев та бахӕс кодта саразын цауы фӕдыл паддзахадон къамис.

Ног хабӕртты лентӕ
0