Хаджимба ӕмбулы Абхазы президенты ӕвзӕрстыты, йӕ ныхмӕлӕууӕг разы нӕу уыйимӕ

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæХаджимба ӕмбулы Абхазы президенты ӕвзӕрстыты
Хаджимба ӕмбулы Абхазы президенты ӕвзӕрстыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы президенты ӕвзӕрстыты дыккаг тур ацыд хуыцаубоны 8 сентябры

ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik. Централон ӕвзарӕн къамисы развӕлгъау бӕррӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Абхазы ныры президент Рауль Хаджимба ӕмбулы республикӕйы сӕргълӕууӕджы ӕвзӕрстыты дыккаг туры, уымӕн схъӕлӕс кодта ӕвзарджыты 47,38%. Йӕ ныхмӕлӕууӕг, оппозицион парти "Амцахара"-йы лидер Алхас Квициния, кӕцы райста 46,19%, нӕ банымадта ӕвзӕрстыты фӕстиуджытӕ ӕмӕ бахъаст кӕндзӕн тӕрхондонмӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Sputnik Абхаз.

Президентон æвзæрстытæ Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ногæй арвитдзæн цæстдарджыты Абхазы æвзæрстытæм

Абхазы Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Тамаз Гогия банысан кодта, дыккаг тур кӕй ацыд ӕнӕ фехӕлдтӕй ӕмӕ дзы хайад райстой ӕвзарджыты 65,98%.

Афтӕ ма ЦӔК сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, 3154 адӕймаджы кӕй схъӕлӕс кодтой алкӕй ныхмӕ дӕр.

Мидхъуыддӕгты министрады информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы ис сабыр уавӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0