Абхазы фехъусын кодтой президентон ӕвзӕрстыты уӕлахиздзауы

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæАбхазы президентон ӕвзӕрстытӕ
Абхазы президентон ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы централон ӕвзарӕн къамис бюллетенты банымайыны фӕстӕ ӕмбисбоны фехъусын кодта дыккаг туры хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуджытӕ

ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik. Абхазы архайгӕ президент Рауль Хаджимба рамбылдта республикӕйы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ ӕвзӕрстыты дыккаг тур, хъӕлӕсты 47,38% сисгӕйӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта цӕстдарӕг Хуссар Ирыстонӕй, парламенты вице-спикер Гасситы Петр.

"Централон ӕвзарӕн къамис бюллетеньты 99% банымайгӕйӕ, 12 сахатыл загъта фӕстиуджытӕ. Къамисы сӕргълӕууӕг банымадта ӕвзӕрстыты сӕххӕстгондыл. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рамбылдта Рауль Хаджимба", - загъта Гасситы Петр.

Архайгӕ президены ныхмӕлӕууӕг, оппозицион парти "Амцахара"-йы лидер Алхас Квирциния та райста хъӕлӕсты 46,19%. Квирцинияйы штаб не сразы ӕвзӕрстыты фӕстиуджытимӕ ӕмӕ арвитдзӕн протест Абхазы Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0