Йæ цардæй ахицæн Мæскуыйы экс-мэр Юрий Лужков

© Sputnik / Александр Макаров /  Ахизын медиабанкмæЮрий Лужков
Юрий Лужков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæры горæты разамонæджы мæлыты информаци сбæлвырд кодта Мæскуыйы архайгæ мэр Сергей Собянин

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Уæрæсейы сæйраг горæты раздæры мэр Юрий Лужков йæ цардæй ахицæн 84 азы кары, хъусын кæны РИА Новости.

Телеуынынад РЕН ТВ-йы хъусинагмæ гæсгæ, Юрий Лужков йæ цардæй ахицæн Мюнхены клиникатæй иуы, цы ран ын фæнд котой саразын йæ зæрдæйыл операци.

Раздæры горæты разамонæджы мæлыты информаци сбæлвырд кодта Мæскуыйы мэр Сергей Собянин.

"Йæ цардæй ахицæн Юрий Михаилы фырт Лужков. Хъыг мын у, кæй нал ис цардуарзаг гоймаг, кæцы разамынад дæтта Мæскуыйæн вазыгджын фæсцæдисон рæстæг, бирæ сарæзтой горæтæн. Тæфæрфæс кæнын йе 'ввахс адæмæн", - ныффыста Собянин Twitter-ы.

Юрий Михаилы фырт Лужков райгуырд 21 сентябры 1936 азы Мæскуыйы. 1958 азы бацыд ахуырмæ Мæскуыйы нефтехими æмæ газы рауагъдадаы институтмæ.

© Sputnik / Владимир Акоефф /  Ахизын медиабанкмæЮрий Лужков
Йæ цардæй ахицæн Мæскуыйы экс-мэр Юрий Лужков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юрий Лужков

1990 азы июны æзæрст æрцыд Мæскуыйы вице-мэрæй. 6 июны 1992 азы нысан æрцыд Мæскуыйы мэрæй, 1996, 1999 æмæ 2003 æзты та ногæй ацы бынатмæ æрцыд æвзæрст. 2010 азы æмгъуыдæй раздæр ныууагъта йæ куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0