Путин бафыста барамынд сывӕллонджын бинонтӕн иурӕстӕгон фиддонтӕ раттыны фӕдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Сывӕллӕттӕ
Сывӕллӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.07.2021
Рафыссын
Фиддонты бӕрц уыдзӕн 10 мин сомы ӕмӕ сӕ райсдзысты бинонтӕ, кӕцытӕ хъомыл кӕнынц 6-18-аздзыд сывӕллӕтты ӕмӕ 18-23 азы кары инвалидты

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik. Путин бафыста барамынд сывӕллонджын бинонтӕн иурӕстӕгон фиддонтӕ раттыны фӕдыл, хъусын кӕны РИА Новости.

Фиддонты бӕрц уыдзӕн 10 мин сомы ӕмӕ сӕ райсдзысты бинонтӕ, кӕцытӕ хъомыл кӕнынц 6-18-аздзыд сывӕллӕтты ӕмӕ 18-23 азы кары инвалидты.

"Сывӕллӕттӕ цы бинонты ис, уыдонӕн социалон ӕххуыс бакӕныны нысанӕн уынаффӕ кӕнын: 2021 азы август-декабры раттын 10 мин сомы бӕрц иурӕстӕгон фиддонтӕ бинонтӕн, цы ран хъомыл кӕнынц 6-18 азы кары сывӕллӕттӕ, афтӕ ма 18-23 азы кары сахъат кӕнӕ арӕнӕвӕрд фадӕттимӕ сывӕллӕттӕ, кӕцытӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад ӕмӕ ахуыр кӕнынц сӕйраг иумӕйагахуырадон программӕмӕ гӕсгӕ", - дзырдӕуы барамынды тексты. 

Фиддонтӕ исджыты хъӕуы бахатын УФ Пенсион фондмӕ 1 ноябры онг. Уыимӕ сын райсӕн уыдзӕн ацы аз августӕй декабры онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0