Уӕрӕсейы хицауад рахицӕн кодта сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ӕххуысӕн 28,3 млрд сомы

© Sputnik / Макс Ветров /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы хицауад рахицӕн кодта сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ӕххуысӕн 28,3 млрд сомы
Уӕрӕсейы хицауад рахицӕн кодта сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ӕххуысӕн 28,3 млрд сомы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2021
Рафыссын
Уӕлӕмхасӕн 28,3 миллиард сомы ацӕудзысты 3-7 азы кары сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ӕххуысӕн, ноджы 5,9 миллиард сомы та рахицӕн кӕндзысты бинонтӕн, кӕцытӕ хъомыл кӕнынц ӕртӕ кӕнӕ фылдӕр сывӕллӕтты
ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Уӕрӕсейаг бинонтӕн, кӕцыты хъомыл кӕнынц 3-7 азы кары сывӕллӕтты, рахицӕн кӕндзысты 28 миллиард сомӕй фылдӕр, хъусын кӕны РИА Новости.
Уӕрӕсейаг премьер Михаил Мишустины уынаффӕмӕ гӕсгӕ, дзырд цӕуы ӕрвылмӕйон фиддоныл, кӕцыйы бӕрцуат баст у бинонты астӕуккаг ӕфтиагыл.
Нысангонд ӕрцыд, бюджетӕй 2021 азы ацы мадзалӕн ныридӕгӕн рахицӕн кодтой 276 миллиард сомы. Уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты хицауады фӕстауӕрцон фондӕй.
"Афтӕ ма бафыстой барамынд, цӕмӕй рахицӕн кӕной 5,9 миллиард сомы бинонтӕн, кӕцытӕ хъомыл кӕнынц ӕртӕ кӕнӕ фылдӕр сывӕллӕтты. Уыдонӕн ма ис бар исын сӕрмагонд ӕрвылмӕйон фиддонтӕ, цалынмӕ сывӕллоныл ӕртӕ азы ма сӕххӕст уа", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хицауады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй федералон бюджеты ацы нысӕнттӕн ис 59 миллиард сомӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ ахӕм ӕххуыс исынц 620 мин бирӕсывӕллонджын бинонтӕ, уӕлӕмхасӕн фӕрӕзты руаджы та фиддонтӕ исдзысты ноджы 48 мин сывӕллоны ахӕм бинонты.
Ног хабӕртты лентӕ
0