ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, уæрæсейаг хæдтæхæг кæй фехæлдта гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад, хъусын кæны РИА Новости.
"Уæрæсейаг хæдтæхæг ахызт "оккупацион хаххæй" æмæ цалдæр минуты фæстæ фездæхт фæстæмæ", — фехъусын кодтой Хъахъхъæнынады министрады.
Ам ма бафтыдтой, цæттæ кæй цæуы официалон фыстæг, кæцыимæ Тбилиси бахатдзæн Инциденттæ ма æруадзыны æмæ уыдон аиуварс кæныны фæдыл къамисмæ.
Цауы фæдыл уæрæсейаг фарс ницы комментаритæ радта.
Ацы цау фыццаг хатт нæу, æфсæддон ведомствӕ куы хъусын кæны, уæрæсейаг авиатехникæ кæй фехæлдта Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад.