Гуырдзыстон йæ уæлдæфон тыгъдад фехалыны фæаххосджын кодта Уæрæсейы

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæХæдтæхæг Airbus A320
Хæдтæхæг Airbus A320 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг хæдтæхæг ахызт "оккупацион хаххæй" æмæ цалдæр минуты фæстæ фездæхт фæстæмæ, фехъусын кодтой Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады. Тбилиси бахатдзæн Инциденттæ ма æруадзыны æмæ уыдон аиуварс кæныны фæдыл къамисмæ.

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, уæрæсейаг хæдтæхæг кæй фехæлдта гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад, хъусын кæны РИА Новости.

"Уæрæсейаг хæдтæхæг ахызт "оккупацион хаххæй" æмæ цалдæр минуты фæстæ фездæхт фæстæмæ", — фехъусын кодтой Хъахъхъæнынады министрады.

Ам ма бафтыдтой, цæттæ кæй цæуы официалон фыстæг, кæцыимæ Тбилиси бахатдзæн Инциденттæ ма æруадзыны æмæ уыдон аиуварс кæныны фæдыл къамисмæ.

Цауы фæдыл уæрæсейаг фарс ницы комментаритæ радта.

Ацы цау фыццаг хатт нæу, æфсæддон ведомствӕ куы хъусын кæны, уæрæсейаг авиатехникæ кæй фехæлдта Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдад.

Ног хабӕртты лентӕ
0