Фыццаг ирон фӕсивӕдон форум ацӕудзӕн Дыгуры

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæФӕсивӕдон форум
Фӕсивӕдон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форум ӕрбангом кӕндзӕн ӕвзонг ирон чызджыты ӕмӕ лӕппуты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй, афтӕ ма ирон диаспорӕты минӕвӕртты дунейы алы къуымтӕй. Ӕдӕппӕт форумы архайдзӕн 350 адӕймаджы, уыдонӕй 50 Хуссар Ирӕй.

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Иры фӕсивӕды минӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕтирон форум "Ног фӕлтӕр"-мӕ Цӕгат Ирыстоны Дыгуры районы пансионат "Урсдон"-ы, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстонӕй форумы хайад райсдзӕн 50 адӕймаджы. Мадзал ӕрбангом кӕндзӕн ӕвзонг чызджытӕ ӕмӕ лӕппуты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй, афтӕ ма ирон диаспорӕты минӕвӕртты дунейы алы къуымтӕй. Ӕдӕппӕт формуы архайдзӕн 350 адӕймаджы.

Дæргъæвс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны уагъд æрцæудзæн форум "Дæргъæвс- 2015"

"Ахуырадон форум цӕудзӕн иу къуырийы дӕргъы, фӕсивӕд дзы архайдзӕн ахӕм здӕхӕнты, куыд информаци ӕмӕ пиар, амалиуӕгад, сфӕлдыстад ӕмӕ аивад. Форумы нысан у курдиатджын чызджыты ӕмӕ лӕппуты сахуыр кӕнын ӕмӕ сын сӕ потенциал райхалынӕн баххуыс кӕнын", — радзырдтой пресс-службӕйы.

Агентады ныхасӕмбал ма банысан кодта, зӕгъгӕ, мадзал феххуыс уыдзӕн Ирыстоны дыууӕ хайы фӕсивӕды Цӕгат Кавказы формутӕм фемхиц кӕнынӕн.

Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон организаци "Ног фӕлтӕр" 2015 азы декабры рамбылдта Уӕрӕсейы президенты грант республикӕйы фыццаг фӕсивӕдон форум ауадзыны фӕдыл. Мадзал цӕудзӕн 23-30 майы, архайдзӕн дзы 18-30 азы кары фӕсивӕд — ирон диаспорӕты минӕвӕрттӕ Турк, Петербург, Мӕскуы, Самара, Хъырым, Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0