Сӕрдыгон лагерты Хуссар Иры баулӕфдзысты 600 скъоладзауы

© Sputnik / Ада БагианСӕрдыгон лагерь "Хуры тын", Цхинвал
Сӕрдыгон лагерь Хуры тын, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕттӕн лагертӕ бакӕндзысты Цхинвалы скъола-интернат ӕмӕ Дзауы районы Гуфтайы скъолайы. Улӕфджытӕн арӕзт ӕрцӕудзӕн хъӕзныг ахуырадон ӕмӕ хиирхӕфсӕн нывӕзт.

ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik. Дыууӕ сӕрдыгон лагеры бакӕндзӕн ацы аз ахуырады министрад Хуссар Ирыстоны, уыдоны ӕмткӕй баулӕфдзӕн 600 сывӕллоны, фехъусын кодта Sputnik министрады пресс-секретарь Плиты Яна.

"Цхинвалы скъола-интернат ӕмӕ Дзауы районы Гуфтайы скъолайы сывӕллӕттӕ баулӕфдзысты ӕртыгай къордтӕй. Дыууӕ лагеры дӕр ӕмрӕстӕджы улӕфдзӕн фӕйнӕ 100 скъоладзауы, стӕй сӕ раивдзӕн дыккаг ӕмӕ уый фӕстӕ та ӕртыккаг къорд", — загъта Плиты Яна.

Сывӕллӕтты боныл Хуссар Ирыстоны сабиты иу къорд сӕмбӕлд Мӕскуыйы

Уый ма банысан кодта, сывӕллӕттӕ кӕй уыдзысты ӕппынӕдзух хъусдарды бын ӕмӕ сын арӕзт ӕрцӕудзӕн хъӕзныг ахуырадон ӕмӕ хиирхӕфсӕн нывӕзт.

Цхинвалы скъола-интернат ӕмӕ Дзауы районы Гуфтайы сколайы бындурыл ахуырады министрад ӕрвыл аз дӕр бакӕны сӕрдыгон лагертӕ. Хъыгагӕн, ивгъуыд ӕзты Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны цы лагерь уӕвынад кодта, уый ацы аз нӕ байгом уыдзӕн, галуаны алыварс территори — Ногдзауты парк, Ӕрыгон техникты станц ӕмӕ Паддзахадон театры арӕзтадон куыстытӕ кӕй цӕуы, уый аххосагӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0