ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстон загъта "нæ" сывæллæтты цатырон лагертæн. Ахуырады министрады банысан кодтой, уый кæй у баст æдасдзинады мадзæлттимæ. Ацы аз республикæйы байгом уыдзысты æрмæстдæр дыууæ сæрдыгон лагеры — Цхинвалы æмæ Гуфтайы скъола-интернатты бындурыл.
Ахуырады министр Гасситы Натали фехъусын кодта Sputnik, зӕгъгӕ, лагертæ æрцæудзысты гом æрмæстдæр уый фæстæ, æмæ уагдон куы райса санэпидстанц æмæ УУМ-ы хатдзæгтæ, æмбæлон нормæтæн кæй дзуапп дæттынц, уый тыххӕй.
"Мах арвитæм куырдиæттæ санпинмæ — кусджытæ басгарынц лагертæ цы рæтты æрцæудзысты гом, уыцы бынæттæ. Цхиналы æмæ Гуфтайы скъола-интернаттæ æнæрлæугæ куыст кæй кæнынц, уымæ гæсгæ уыдон сты иудадзыг хъусдарды бын. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, мах лагертæ бакæндзыстæм æрмæстдæр санпины хатдзæг райсыны фæстæ", — загъта Гасситы Натали.
Уый хауы УУМ-мæ дæр, кæцы алы уагдоны дæр сгары, куыд хъахъхъæд цæуы зынгирвæзтон æдасдзинад. Уыймæй дарддæр ма хистæртæ балцы цæудзысты æрмæстдæр раздæр сфидаргонд маршрутмæ гæсгæ, æнæмæнгæй ма хъуамæ ныууадзой сæ контакттæ УУМ-ы.
Алы сæрд дæр дæсгай сывæллæттæ Хуссар Ирыстонæй улæфынц Уæрæсейы сæрдыгон лагерты дæр, кæцыты статус æмæ уавæртæ лæмбынæгæй сгары ахуырады министрад.
"Лагерты организатортимæ мах кæнæм комкоммæ куыст, сбæлвырд кæнæм уагдæтты статус æмæ уавæртæ, базонгæ вæййæм аргъгæндтимæ. Æрмæстдæр уый фæстæ раттæм нæ разыдзинад, цæмæй сывæллæттæ ацæуой улæфынмæ", — загъта Гасситы Натали.
Лагерты персонал сæйраджыдæр конд вæййы скъолаты ахуыргæнджытæй.
Ацы аз лагерты сæ сæрдыгон каникултæ арвитдзысты 600 сывæллонæй фылдæр. Ныййарджыты ис ныфс, ацы аз дæр та алцыдæр кæй æрцæудзæн раздæр азтау бæрзонд æмвæзадыл.
"Мæ чызг æрвылаз дæр баулæфы лагеры æмæ мын æппындæр ницы уайдзæфтæ ис хъомылгæнджытæ æмæ организатортæм. Нæ тыхсын мæ сывæллоны тыххæй — уым ын алцыдæр цымыдисон у. Хорз ахуырадон программæ, сыгъдæг уæлдæфмæ хъæзтытæ, хорз хæрд, ног æмгæрттæ — æндæр ма цы хъæуы сывæллоны", — дзуры цыппӕрӕм къласы ахуырдзау Зӕринæйы мад.
Хуссар Ирыстоны иууыл алæмæттагдæр къуымты цатырон лагерты организаторæй æрвылаздæр ралæууы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет.
Фæлæ, ведомствӕйы куыд баныфс æвæрдтой, афтæмæй ам дæр хъахъхъæд цæуынц æппæт санитарон-эпидемиологон нормæтæ æмæ æдасдзинады уагæвæрд. Уагæвæрд дзы хъахъхъæнынц Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ 20 адæймаджы скондæй персонал, кæцытæй алчидæр хъуамæ рацæуа медицинон басгæрст.
"Санэпидстанц развæлгъау ратты сæрмагонд буарадтæ, кæцытæй сæдас кæнынц лагеры алфæмблай территори. Организатортæ хъахъхъæнынц æдасдзинад æмæ сыгъдæгдзинад. Улæфджытимæ алыхатт дæр вæййы дохтыр æнæмæнгхъæуæг хостимæ. Вæййы дзы радгæсон машинæтæ", — загъта уагдоны минæвар.
Улæфджытæ балцы куы фæцæуынц, уæд семæ фæцæуынц фæлтæрдджын туристтæ.
Фæлæ ацы аз, цатырон лагерты бæсты фæсивæдон политикæйы фæдыл комитет йæхи цæттæ кæны фæсивæдон форум ауадзынмæ.
Карелийы æрцæугæ трагедийы фæстæ, басгæрстытæ уагъд æрцыдысты Цæгат Иры лагертæ дæр, æмæ республикон УУМ басаст, уыдонæй "бæзгæ" кæй разынд æрмæстдæр дыууæ.