Олимпиаг хъæзтыты цæгатирыстойнаг призертæ райсдзысты фатертæ Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæВячеслав Битарты
Вячеслав Битарты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад схæлар кæндзæн олимпиаг хъæзтыты уæлахидзауæн - æртæхатæнон, ӕвзист майданы хицауæн - дыууæхатæнон æмæ æртыкккаг бынаты хицауæн та иухатæнон фатертӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны хицауад балæвар кæндзæн фатертæ 2016 азы Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ æмæ призертæн, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

20016 азы Олимпиаг æмæ Паралимпиаг хъæзтыты æмткæй архайдзæн 14 спортсмены Цæгат Ирыстонæй.

Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Кетойты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кетойты Георгий: олимпиаг сыгъзӕрин нымайдзӕн ирон ӕмӕ сомихаг адӕмы хӕларады уӕлахизыл

"Цæгатирыстойнаг спортсментæ, кæцытæ архайыц Уæрæсейы æмбырдгонды сконды, олимпиаг хъæзтыты бæрзонд бынæттæ куы бацахсой, уæд республикæйы закъоны домæнмæ гæсгæ райсдзысты финансон æххуыс", — радæтта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Битарты Вячеслав ма бахæс кодта республикæйы спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасанæн, цæмæй олимпиадæмæ цæуæг спортсменты цæттæ кæнынæн арæзт æрцæуой æппæт уавæртæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0