Цхинвалы разамынад ныфс ӕвӕры хӕдзӕрттӕй алы бирӕсывӕллонджын бинонтӕн дӕр

© Sputnik / Олег РепуховСтройка в Южной Осетии
Стройка в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы мэрияйы цур цӕрӕнуатон къамис фыццаг рады дӕтдзӕн ног фатертӕ сӕ цӕрнуатон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг цы бинонтӕн у, уыдонӕн. Хӕдзӕрттӕ дихгонд цӕудзысты барадхъахъхъӕнӕг органты контролы бын.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы Хъайтарты уынгыл арӕзтцӕуӕг цӕрӕн комплексы ног фатертӕ дихгонд цӕуыдзысты сӕрмагонд къамисы хъусдарды бын, кӕцыйы сконды горӕты мэрияйы кусджытӕй дарддӕр уыдзысты Хуссар Ирыстоны прокуратурӕ, МХМ ӕмӕ ПӔК-ы кусджытӕ, фехъусын кодта цыппӕрӕмы пресс-конференцийы рӕстӕджы горӕты мэр Ӕлборты Алан.

"Ӕз бахатыдтӕн республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг ӕмӕ ӕдасдзинады органтӕм, цӕмӕй нын рахицӕн кӕной фӕйнӕ иу кусӕджы документтӕ сгарыны тыххӕй цӕрӕнуӕттӕ дих кӕныны рӕстӕгмӕ", — загъта мэр, ӕмӕ быфтыдта, кӕй ма фӕнд кӕны къамисы куыстмӕ парламенты депутаттӕ ӕмӕ журналистты ӕрбахонын.

Ӕппӕт ацы мадзӕлтты нысан у, цӕмӕй цӕрӕнуӕттӕ дих ӕрцӕуой рӕстагӕй ӕмӕ сӕ цӕрджытӕ ма дызӕрдыг кӕной, кӕй сӕ райсдзысты ныридӕгӕн хӕдзӕрттӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕм.

Лечу над родной землей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мэр: "Мӕскуыйаг" микрорайоны цӕрджытӕн ныридӕгӕн радтой 60 ордеры

Хуссарирыстойнаг столицӕйы цӕрджытӕй хӕдзӕрттӕ райсыны рады чи лӕууы, уыдон ног кӕнынц сӕ документтӕ. Регистраци кӕронмӕ куы бахӕццӕ уа, уӕд мэрия ведомствӕйы сайтыл ныммыхуыр кӕндзӕн номхыгъдтӕ иууылдӕр ӕмӕ лӕмбынӕг сгардзӕн радты лӕууӕг адӕмы ӕрбавдисгӕ информаци.

Ӕлборты Алан радзырдта, кӕй вӕййы афтӕ ӕмӕ иу бинонтӕй хӕдзар райсыны тыххӕй сӕ документтӕ кӕй бадӕттынц цалдӕр уӕнджы — мад, фыд, лӕппу кӕнӕ чызг.

"Махӕн ӕрвылаз нӕ араздзысты микрорайонтӕ ӕмӕ фатертӕ райсдзысты ӕрмӕстдӕр хъуаг категоритӕ. Мэрияйы сайтыл мах ныммыхуыр кӕндзыстӕм рады лӕууӕг адӕмы номхыгъдтӕ иууылдӕр. Кӕд исчи раздӕр, гӕртамы фӕрцы слӕууыд хӕдзар райсыны рады, уӕд уыдон мауал рацӕуӕт регистраци, уымӕн ӕмӕ мах номхыгъдтӕ куы ныммыхуыр кӕнӕм, уӕд уыдон рады лӕууӕг категоритӕй кӕцыдӕрты сӕвӕрдзысты ӕнӕаив уавӕры", — загъта мэр.

Уый радзырдта, бирӕсывӕллонджын бинонтӕн лӕвӕрд кӕй цӕудзысты ӕртӕ- ӕмӕ цыппаруатон фатертӕ.

Мусорная свалка в Кусрет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мэр: Цхинвалы бырондоны ахаст баст у районы разамынадимӕ

"Номхыгъдтӕм гӕсгӕ нӕм ис 280 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ. Уыдонмӕ ӕмбӕлы ӕртӕуатон ӕмӕ цыппаруатон фатертӕ. Ног цӕрӕн комплексы уыдзӕн 80 иууатон, 60 дыууӕуатон, 55 ӕртӕуатон ӕмӕ фондз цыппаруатон фатеры", — загъта мэр.

Уымӕй дарддӕр ма, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Октябры уынгыл уыдзӕн цӕттӕ 60 дыууӕуатон ӕмӕ ӕртӕуатон фатеры, 2017 азы та Цоцийы фырты уынгыл райдайдзӕн 75 фатерон цӕрӕн хӕдзӕртты арӕзтад.

"Уымӕ гӕсгӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, бирӕсывӕллонджын бинонтӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты ифтонг цӕрӕнуӕттӕй", — загъта мэр.

Ног хабӕртты лентӕ
0