Багаты Амиран радта лингвистон фæлварæн Хуссар Иры ЦӔК-ы

© Из личного архива Амирана БагаеваАмиран Багаев
Амиран Багаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты бынатмæ претендент Багаты Амиран рацыд фæлварæн ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæй.

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Президенты бынатмæ претендент Багаты Амиран радта цыппæрæмы лингвистон фæлварæн, кæцы у æнæмӕнгхъæуæг президенты бынатмæ кандидаттæй алкæмæн дæр. Sputnik Багаты Амираны æвзæрстагъоммæ штабы загътой, къамис ын кӕй нывæрдта "хыгъд".

"Фæлварæны Амиран чысыл тыхстис. Рагæй нал дæтта фæлварæнтæ, уæлдайдӕр та ахæм квалификацион æвзагзонджыты раз. Фæлварæны фæстиуджытæм гæсгæ Амиран райста "хыгъд" дыууæ æвзагæй дæр", — загътой штабы.

Президенты бынатмæ æппæт кандидаттæ фæлварæны рæстæджы фыссынц диктанттæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Æвзӕгты зонындзинад бæлвырд кæнынц дзыхæй фæлварæны руаджы билеттæм гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0