Хуссар Ир бацахста фыццаг бынат Уӕрӕсейӕн хӕларадон фӕссоветон бӕстӕты ӕхсӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ир бацахста фыццаг бынат Уӕрӕсейӕн хӕларадон фӕссоветон бӕстӕты ӕхсӕн
Хуссар Ир бацахста фыццаг бынат Уӕрӕсейӕн хӕларадон фӕссоветон бӕстӕты ӕхсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстон ацыд фыццаг бынатыл Уӕрӕсейӕн хӕларадон фӕссоветон бӕстӕты ӕхсӕн 2023 азы. Уый тыххӕй дзырдӕуы Коммуникациты райрӕзты Национ иртæстыты институты иртæсты.
Институты иртæсты хайад райстой 16 фæссоветон бæстæйы, уыдонæн аргъ кодтой 12 бæррæгæнæны фæдыл. Хатдзæгтæм гæсгæ Хуссар Ирыстон райста 93,5 баллы, дыккаг æмæ æртыккаг бынатыл ацыдысты Белоруси (87,6) æмæ Абхаз (81,4).
Институты директоры хæдивæг зонадон куысты фæдыл, коммуникацион режимты мониторингы разамонæг Валентина Комлева банысан кодта, Хуссар Ирыстоны рейтингы фыццаг хатт кæй райста хайад.

"Ацы аз Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз фыццаг хатт райстой хайад нæ рейтингы. Ацы паддзахадтæ уайтагъд ссисты рейтингы лидертæ, уымæн æмæ сын Уæрæсеимæ ис иугонд коммуникацион тыгъдад. Ацы бæстæты арæзт æрцыдысты максималон хорз фадæттæ Уæрæсеимæ ахастытæ", - бахахх кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0