Дзӕуджыхъӕуы цытджын ӕгъдауӕй сӕмбӕлдзысты Рæмонаты Сосланыл

© Sputnik / Алана СабееваВстреча Рамонова в аэропорту
Встреча Рамонова в аэропорту - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлахиздзауты цытæн бӕрӕгбонон мадзæлттæ ацæудзысты Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзуаты, хайад сӕ райсдзæн РЦИ-А сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав.

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Олимпиаг уæлахиздзау, ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Рæмонаты Сосланыл 31 августы цытджын ӕгъдауӕй — националон кӕфтытӕ ӕмӕ уӕлибыхтимӕ сӕмбӕлдзысты Беслӕны аэропорты, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Сослан Рамонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæмонаты Сослан хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы "Хæларады орденæй"

Рӕмонаты Сослан ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 65 кг уӕзы категорийы, Олимпиадæйы фӕстаг бон финалон тохы басаста азербайджайнаг Тогрул Асгаровы 11-0 хыгъдӕй.

Уымӕй дарддӕр ма Дзӕуджыхъӕу ӕмбӕлдзӕн Риойы олимпиадӕйы æвзист призер Гозымты Хетæгыл.

Уӕлахиздзауты цытæн бӕрӕгбонон мадзæлттæ ацæудзысты Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзуаты, хайад сӕ райсдзæн РЦИ-А сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав.

Ивгъуыд къуыри ма Рӕмонаты Сосланы Уæрæсейы президент Владимир Путин схорзæхджын кодта УФ бæрзонд хорзæх "Хæларады орден"-æй.

Рӕмонаты Сослан райгуырд Цхинвалы, 2014 азы ссис Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы чемпион, 2015 азы та — дунейы бронзӕйон чемпион.

Ног хабӕртты лентӕ
0