ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Олимпиаг уæлахиздзау, ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Рæмонаты Сосланыл 31 августы цытджын ӕгъдауӕй — националон кӕфтытӕ ӕмӕ уӕлибыхтимӕ сӕмбӕлдзысты Беслӕны аэропорты, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.
Рӕмонаты Сослан ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 65 кг уӕзы категорийы, Олимпиадæйы фӕстаг бон финалон тохы басаста азербайджайнаг Тогрул Асгаровы 11-0 хыгъдӕй.
Уымӕй дарддӕр ма Дзӕуджыхъӕу ӕмбӕлдзӕн Риойы олимпиадӕйы æвзист призер Гозымты Хетæгыл.
Уӕлахиздзауты цытæн бӕрӕгбонон мадзæлттæ ацæудзысты Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзуаты, хайад сӕ райсдзæн РЦИ-А сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав.
Ивгъуыд къуыри ма Рӕмонаты Сосланы Уæрæсейы президент Владимир Путин схорзæхджын кодта УФ бæрзонд хорзæх "Хæларады орден"-æй.
Рӕмонаты Сослан райгуырд Цхинвалы, 2014 азы ссис Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы чемпион, 2015 азы та — дунейы бронзӕйон чемпион.