Хуссар Ирыстоны парламент ацыд каникулты "æнæ къудитæй"

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южной Осетии
Парламент Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттæ улæфдзысты 11 сентябры онг

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ацыд сæрдыгон улæфты, майрæмбоны депутаттæ æрæмбырд сты æхсæзæм сессийы фæстаг рабадтмæ.
Спикер Гасситы Петр цыбыртæй сарæзта куысты хатдзæгтæ, депутаттæ иу законы проект дæр æнæркастæй кæй нæ ныууагътой, уый банысан кæнгæйæ.

"Мах цæуæм каникулты æнæ къудитæ æмæ хæстæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ куыст æвзæр нæ ацыд, æвзæрстагъоммæ рæстæг, митингтæ æмæ парламенты бæрзонд æмвæзадыл бынативдтытæм æнæкæсгæйæ", — загъта уый.

Хуссар Иры гарзджын тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сратификаци кодтой се 'фсады бацыд УФ Гарзджын тыхты скондмæ

Спикер банысан кодта этикæйы фæдыл парламентон къамисы куысты цухдзинæдтæ.

"Фидарæй хъуыды кæнын кæй хъæуы профессионалон парламент æмæ президенты гарантитæ хынцгæйæ, мæ ис ныфс, ног азы онг уый кæй уыдзæн", — загъта спикер.
Депутаттæ улæфдзысты 11 сентябры онг, уыцы рæстæджы уыдон æмбæлдзысты сæ æвзарджытимæ æмæ цæттæ кæндзысты радон сессимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0