ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ацыд сæрдыгон улæфты, майрæмбоны депутаттæ æрæмбырд сты æхсæзæм сессийы фæстаг рабадтмæ.
Спикер Гасситы Петр цыбыртæй сарæзта куысты хатдзæгтæ, депутаттæ иу законы проект дæр æнæркастæй кæй нæ ныууагътой, уый банысан кæнгæйæ.
"Мах цæуæм каникулты æнæ къудитæ æмæ хæстæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ куыст æвзæр нæ ацыд, æвзæрстагъоммæ рæстæг, митингтæ æмæ парламенты бæрзонд æмвæзадыл бынативдтытæм æнæкæсгæйæ", — загъта уый.
Спикер банысан кодта этикæйы фæдыл парламентон къамисы куысты цухдзинæдтæ.
"Фидарæй хъуыды кæнын кæй хъæуы профессионалон парламент æмæ президенты гарантитæ хынцгæйæ, мæ ис ныфс, ног азы онг уый кæй уыдзæн", — загъта спикер.
Депутаттæ улæфдзысты 11 сентябры онг, уыцы рæстæджы уыдон æмбæлдзысты сæ æвзарджытимæ æмæ цæттæ кæндзысты радон сессимæ.