Хуссар Иры аргъуанты ауадздзысты Беслæны амæттæгты номыл панихидæ

© Sputnik / Наталья АйриянМаршрут выходного дня: Цхинвал- Нижний Рук- Згъубир- Эдис- Эрман
Маршрут выходного дня: Цхинвал- Нижний Рук- Згъубир- Эдис- Эрман - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз саударæн датæ хуыцаубонмæ кæй æрхаудта, уымæ гæсгæ панихидæ ацæудзæн хуыцаумæскуывды фæстæ

ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Алайнаг епархийы динамонджытæ Хуссар Ирыстоны аргъуанты ауадздзысты панихидæ Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ ссарыны нысанæн, фехъусын кодта Sputnik епархийы службæгæнæг Бекъойты Роланд.

Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслæны мысынц теракты амæттæгты

"13 азы размæ Ирыстон цы бæллæх баййæфта, уый амæттæгты рухс номарынæн æрвыл аз дæр æртыккæгæм сентябры ацæуы панихидæ Цхинвалы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны. Хуыцаубон рæстдинонтæм у бæрæгбон æмæ не 'мбæлы панихидæ уадзын, фæлæ Беслæны уæззау трагеди хынцгæйæ хуыцаумæскуывды фæстæ епархийы сæйраг аргъуаны ссардзысты трагедийы амæттæгты нæмттæ", — загъта Бекъойты Роланд.

Беслæны фыццæгæм скъолайы 2004 азы террористон акты фӕстиуӕгӕн бабын ис 334 адæймаджы, уыдонæй 186 сывæллæттæ.

Ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны Арвы комы ӕнӕном цадӕн радтой ном "Мады цæссыгтӕ" æмæ йæ ныффæлдыстой Беслӕны трагедийы амæттæгтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0