ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Алайнаг епархийы динамонджытæ Хуссар Ирыстоны аргъуанты ауадздзысты панихидæ Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ ссарыны нысанæн, фехъусын кодта Sputnik епархийы службæгæнæг Бекъойты Роланд.
"13 азы размæ Ирыстон цы бæллæх баййæфта, уый амæттæгты рухс номарынæн æрвыл аз дæр æртыккæгæм сентябры ацæуы панихидæ Цхинвалы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны. Хуыцаубон рæстдинонтæм у бæрæгбон æмæ не 'мбæлы панихидæ уадзын, фæлæ Беслæны уæззау трагеди хынцгæйæ хуыцаумæскуывды фæстæ епархийы сæйраг аргъуаны ссардзысты трагедийы амæттæгты нæмттæ", — загъта Бекъойты Роланд.
Беслæны фыццæгæм скъолайы 2004 азы террористон акты фӕстиуӕгӕн бабын ис 334 адæймаджы, уыдонæй 186 сывæллæттæ.
Ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны Арвы комы ӕнӕном цадӕн радтой ном "Мады цæссыгтӕ" æмæ йæ ныффæлдыстой Беслӕны трагедийы амæттæгтæн.