МХМ-ы бæстондæрæй радзырдтой Дудайты Марикы амарыны тыххæй

Рафыссын
Резонансон фыдракæнд æрцыд дыццæджы изæрæй, марæг дыууæ хатты фехста Дудайты Марикы сæр æмæ йæхи бааууон кодта

ЦХИНВАЛ, 17 янв— Sputnik. Дудайты Марикы марæгæн бантыст йæхи Гуырдзыстоны территорийыл бааууон кæнын, загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Наниты Игорь.

Пистолет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Амардтой Дудайты Марикы: Гуырдзыстоны раздæры ахæсты ссардтой йæ хъæуы

Трагеди æрцыд дыццæджы изæрæй Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы. Дудайты Марик уыд зындгонд адæймаг Хуссар Ирыстоны. 2000-æм æзты райдинаны гуырдзиаг сæрмагонд службæтæ райдыдтой йæ фæдыл зилын.

2004 азы бабадтысты йæ размæ, Дудайты Марик уæззау цæф фæцис æмæ йæ авд æхстимæ бакодтой гуырдзиаг ахæстоны, уый фæстæ йын стæрхон кодтой 23 азы ахæстоны фæбадын. Алыгъуызон барадхъахъхъæнæг организацитæ æмæ Хуссар Ирыстоны хицауад истой бирæ мадзæлттæ Дудайты Марикы ссæрибар кæныны фæдыл. Уый арвыста ахæстоны аст азы æмæ æрæздæхт 2013 азы.

"Дыццæджы, 19:30 сахатмæ æввахс æрбацыд хъусынгæнинаг, Арцеуы раздæры хъæууон клубы бæстыхайы кæй ссардæуыд Дудайты Марикы буар. Бынатмæ ацыдысты МХМ-ы æмæ генералон прокуратурæйы оперативон къордтæ. Эксперттæ сбæлвырд кодтой, фыдгæнæг дыууæ хатты кæй фехста Марикы сæр, уый фæмард бынаты", — загъта МХМ-ы сæргълæууæг.

Наниты Игорь банысан кодта, барадхъахъхъæнджытæн кæй бантыст сбæлвырд кæнын фыдгæнæджы – уый у Марикы ′мхъæуккаг. Фыдракæнд саразыны фæстæ уый йæхи бааууон кодта цауы бынатæй, ныртæккæ йæ агурынц тыхон структурæты минæвæрттæ.

Автоавари аскъуыдта парламенты депутаты цард

"Ис гæнæн æмæ уый бамбæхст Гуырдзыстоны, уымæн æмæ Арцейы хъæу æвæрд у тынг хæстæг Гуырдзытон арæнмæ", — бафтыдта министр.

Ведомствæ фæнд кæны хъуыддаджы фæдыл æрмæджытæ иууылдæр арвитын генералон прокуратурæмæ.

Дудайты Марикы раздæры æмкъайы ныхæстæм гæсгæ, раздæр Марик æмæ йæ марæгæн уыд конфликт, фæлæ йын йæ аххосæгтæ нæ бамбарын кодта.

"Марæг, æвæццæгæн, тарст йæхицæн уыцы конфликты фæстæ. Уый йæм бацыд фермæмæ, кæцы Марик дардта хъæуы, æмæ йын фæстейæ фехста йæ сæр", — радзырдта Уазæгты Марфа.

Дудайты Марикы иунæг æфсымæр – Эрик – фæмард дыууæ азы размæ автокатастрофæйы. Уый фæстæ дæр зылдысты гуырдзиаг сæрмагонд службæтæ, кæцытæ йын 2007 азы спырх кодтой йæ машинæ. Уæд Эрик райста уæззау цæфтæ. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымайыны фæстæ Дудайты Эрик дыууæ хатт æрцыд æвзæрст парламентмæ Адæмон партийæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0