Хуссар Иры парламент равзæрста иууыл ахсджиагдæр комитеттæй иуы сæргълæууæджы

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парти "Иугонд Ирыстон"-ы депутат æрлæууыд закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты сæргъ

ЦХИНВАЛ, 19 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты сæргъ æрлæууыд депутат парти "Иугонд Ирыстон"-æй Тедеты Нонна, фехъусын кодтой закондæттæн органы пресс-службæйы.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны депутаттæн нал уыдзæн бар кусын æндæр бынæтты

Раздæр ацы бынаты уыд Коцты Олеся, кæцы фарон ноябры ссис Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг. Тедеты Нонна ссис депутат, Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты фæстæ – уый райста Бибылты Анатолийы вакантон депутатон мандат.

Тедеты Ноннайы кандидатурæ æрбавдыста парламенты спикер æмæ йын схъæлæс кодтой депутаттæ иууылдæр.

"Адæмы иудзинад"-ы лидер Чилæхсаты Владимир банхъардта ацы бынатмæ дыууæ депутаты кандидатурæтæ – Дьяконты Амиран æмæ Бесаты Зитæйы. Фæлæ Дьяконты Амиран систа йæ кандидатурæ, Бесаты Зита та не ′рбацыд парламенты рабадтмæ, уымæ гæсгæ, депутаттæ нал æркастысты йæ кандидатурæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0