Цхинвал ссис акци "Кæрдæгхуыз горæт"-ы объект

© Sputnik / Наталья АйриянБӕлӕстӕ садзыны акци
Бӕлӕстӕ садзыны акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уардитæ, бæрзтæ æмæ æндæр бæлæстæ ныссагътой столицæйы алы скъолайы кæрты дæр

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik, Годжысаты Анна. Инициативон фæсивæдон къорд президент Тыбылты Леониды æххуысæй Цхинвалы ауагъта акци "Кæрдæгхуыз горæт". Йæ организатортæ æрластой Нальчикæй 300 талайæ фылдæр алы хуссарирыстойнаг скъолайæн дæр.

Экологическая акция в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕдӕ урс бӕрзы сфӕлындыдтой "Мӕскуыйаг" микрорайон Цхинвалы

Ныр бынæттон скъолаты алыварс территоритæ сфæлдындзысты бæрзтæ æмæ алыхуызон уардитæй. Зæлдфæлындæн акцийы организаторты æмрæнхъ хайад райстой скъолаты ахуыргæнинæгтæ дæр. Къорды активист, Цхуырбаты Людвиг нын куыд радзырдта, афтæмæй территори зæлдфæлндыны процессыл цин кодтой куыд ахуыргæнинæгтæ, афтæ ахуыргæнджытæ дæр.

"Скъолаты ахуыргæнджытæ стыр бузныг дзырдтой ахæм хорз хъуыддæгтæ чи организаци кæны, уыдонæн, уæлдайдæр та республикæйы президентæн", — загъта Цхуырбаты Людвиг.

© Sputnik / Наталья АйриянУардитæ, бæрзтæ æмæ æндæр бæлæстæ садзыны акци Цхинвалы
Акция по посадке деревьев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уардитæ, бæрзтæ æмæ æндæр бæлæстæ садзыны акци Цхинвалы

Амæй размæ ма ацы инициативон къорд ахæм акци ауагъта "Мæскуыйаг" микрорайоны — скъола æмæ дыууæ сабидоны. Ныссагътой дзы сæдæ бæласы. Уæд акцийы хайад райста бæстæйы сæргълæууæг йæхæдæг дæр, Тыбылты Леонид ныссагъта дыууæ бæласы скъоламæ бахизæны.

"Мах адарддæр кæндзыстæм зæлдфæлындæн куыстытæ горæты, цæмæй цæрджытæ цин кæной горæт йæ хуыз куыд калы, ууыл", — бамбарын кодтой организатортæ.

Дарддæр ацы бæлæстæ æмæ зайæгойтæм зилдзæн Цхинвалы хæрзарæзтады хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0