РХИ уӕгъдибар хъӕбысхӕсты бындурӕвӕрджыты номыл Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзӕн турнир

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысхӕсты бындурӕвӕрджытӕ Хъораты Харитон ӕмӕ йӕ хъомылгӕнинаг, Европӕ ӕмӕ Советон цӕдисы чемпион Цхуырбаты Андрейы номыл.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Цхинвалы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты турниры сӕ тыхтӕ бавзардзысты 12 азы кары онг ӕвзонг спортсментӕ, фехъусын кодтой Sputnik РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Ерыстӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысхӕсты бындурӕвӕрджытӕ Хъораты Харитон ӕмӕ йӕ хъомылгӕнинаг, Европӕ ӕмӕ Советон Цӕдисы чемпион Цхуырбаты Андрейы номыл.

"Турниры архайдзысты 2002-2003 азты онг гуырд ӕвзонг хъӕбысхӕцджытӕ. Ерыстӕй дӕс боны раздӕр бӕлвырд ӕрцыдысты, спортсментӕ цы уӕзы категориты тох кӕндзысты, уый", — радзырдта уагдоны пресс-секретарь Софа Исаакян.

Турнир уагъд цӕудзӕн 19-20 ноябры фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты тыхтӕй Спорты скъола ӕмӕ ахуырады министрады ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0