Уæрæсейы æмбырдгонд ауаддзæн тренировкæ Австрийы æнæ Зæгъойты Аланæй

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæИгрок ЦСКА Алан Дзагоев
Игрок ЦСКА Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр куыд айхъуыст, афтæмæй Конфедерациты кубокы нæ ахъаздзæн ӔЦСК-ы æмæ Уæрæсейы æмбырдгонды ноджы иу футболист Марио Фернандес

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Мæскуыйаг ӔЦСК-ы æрдæгхъахъхъæнæг Зæгъойты Алан баконд не рцыд Уæсейы æмбырдгонды скондмæ Австрийы цæттæгæнæн сборы Конфедерациты кубокы размæ, хъусын кæны РИА Новости.

Зӕгъойты Алан, ирон футболист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæгъойты Алан бацыд Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ Конфедерациты Кубокыл

Зæгъойты Алан ацы аз уæрæсейаг æмбырдгонд командæйы сконды арвыста æрмæстдæр 17 минуты Бельгийы æмбырдгондимæ хъазты (3:3). Раздæр куыд айхъуыст, афтæмæй Конфедерациты кубокы нæ ахъаздзæн ӔЦСК-ы æмæ Уæрæсейы æмбырдгонды ноджы иу футболист Марио Фернандес.

Националон командæйы тренерон штаб фæдзырдта ахуыргæнæн-тренировкæгæнæн сбормæ Австримæ, кæцы ацæудзæн 26 майæ 3 июнмæ, 28 хъазæджы.

Конфедерациты кубок ацæудзæн Уæрæсейы 17 июнæй 2 июльмæ Казань, Сочи, Санкт-Петербург æмæ Мæскуыйы. Уæрæсейы æмбырдгонд ахъаздзæн къорд "А"-йы Ног Зеланди, Португали æмæ Мексикæйы æмбырдгонд командæтимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0