ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Мæскуыйаг ӔЦСК-ы æрдæгхъахъхъæнæг Зæгъойты Алан баконд не рцыд Уæсейы æмбырдгонды скондмæ Австрийы цæттæгæнæн сборы Конфедерациты кубокы размæ, хъусын кæны РИА Новости.
Зæгъойты Алан ацы аз уæрæсейаг æмбырдгонд командæйы сконды арвыста æрмæстдæр 17 минуты Бельгийы æмбырдгондимæ хъазты (3:3). Раздæр куыд айхъуыст, афтæмæй Конфедерациты кубокы нæ ахъаздзæн ӔЦСК-ы æмæ Уæрæсейы æмбырдгонды ноджы иу футболист Марио Фернандес.
Националон командæйы тренерон штаб фæдзырдта ахуыргæнæн-тренировкæгæнæн сбормæ Австримæ, кæцы ацæудзæн 26 майæ 3 июнмæ, 28 хъазæджы.
Конфедерациты кубок ацæудзæн Уæрæсейы 17 июнæй 2 июльмæ Казань, Сочи, Санкт-Петербург æмæ Мæскуыйы. Уæрæсейы æмбырдгонд ахъаздзæн къорд "А"-йы Ног Зеланди, Португали æмæ Мексикæйы æмбырдгонд командæтимæ.