Зæгъойты Алан бакодта уæлахизы гол ӔЦСК-"Янг Бойз" матчы

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæИрон футболист Зæгъойты Алан
Ирон футболист Зæгъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ӔЦСК фæуæлахиз ис "Янг Бойз"-ыл æмæ рахызт Чемпионты лигæйы группæйон этапмæ

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Мæскуыйаг ӔЦСК-ы футболисттæ рамбылдтой швейцариаг "Янг Бойз"-ы 2:0 хыгъдæй Чемпионты лигæйы квалификацийы æмæ дыууæ фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ рахызтысты турниры группæйон этапмæ, хъусын кæны Р-Спорт.

"Хъазт уагъд æрцыд æртыццæджы Мæскуыйы, "ӔЦСК-ы Аренæйыл" æмæ ахицæн 2:0 хыгъдæй ӔЦСК-ы пайдайæн. Уæлахиздзауты сконды пуртитæ бакодтой Георгий Щенников (45-æм минут) æмæ Зæгъойты Алан (64)", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ӕртыццæджы бæлвырд æрцыдысты Чемпионты лигæ – 2017/18 группæйон этапы хайадисджытæ иууылдæр.

Чемпионты лигæйы группæйон этапы халæппæрст уагъд æрцæудзæн цыппæрæмы Монакойы.

Ног хабӕртты лентӕ
0