Владимир Путин раарфæ кодта Назарбаевæн президентон æвзæрстыты фæуæлахизы цытæн

© Sputnik / Алексей Дружинин /  Ахизын медиабанкмæКазахстаны президентæй ногæй æвзæрст æрцыд Нурсултан Назарбаев.
Казахстаны президентæй ногæй æвзæрст æрцыд Нурсултан Назарбаев. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы сæргълæууæг Владимир Путин арфæйы фыстæг арвыста йæ казахстайнаг коллегæ Нурсултан Назарбаевмæ, цыран банысан кодта, зæгъгæ авзæрстыты фæстиуджытæ дзурæг сты Назарбаевы бæрзонд авторитетыл.

Цхинвал, 27 апр – Sputnik. Уæрæсейы сæргълæууæг Владимир Путин раарфæ кодта йæ казахстайнаг коллегæ Нурсултан Назарбаевæн, фæстæмæ президентæй 'взæрст кæй æрцыд, уый тыххæй, фехъусын кодта къуырисæры Кремлы пресс-службæ.

Казахстаны ЦÆК куыд фехъусын кодта, афтæмæй Назарбаев хуыцаубоны æнæрадон президентон æвзæрсыты райста хъæлæсты 97,7 %. Æвзрстыты хайад райста Казахстаны æмбæстæгты 95%.

Владимир Путин банысан кодта, дарддæр дæр цæттæ кæй у Казахстанимæ æмгуыстадмæ, афтæ ма Евразиаг экономикон цæдисы фæлгæтты конструктивон æмархайдмæ.

"Уæрæсейы президент равдыста разыдзинад, цæмæй иумæйаг куыст дыууæ бæстæйы сæрибар æмæ сабырады сæраппонд дарддæр æрцæуа", — дзырд цæуы арфæйы фыстæджы.

Афтæ ма Уæрсейы сæргълæууæг æрдзырдта, æвзæрстыты фæстиуджытæ кæй дзурынц Назарбаевы бæрзонд авторитетыл йе мбæстæгты æхсæн, кæцытæ равдыстой разыдзинад сæ президенты политикон курсимæ. Уый та сæйраджыжæр у Казахстаны социалон-экономикон райрæзт, активон хайад исын евразиаг интеграцион процессты, Уæрæсеимæ хæларадон æмæ æмгуыстадон ахастытæ бафидар кæнын.

© SputnikНурсултан Назарбаев на президентских выборах в Казахстане
Нурсултан Назарбаев на президентских выборах в Казахстане  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нурсултан Назарбаев на президентских выборах в Казахстане

Казахстаны Конституцимæ гæсгæ президент нымад у республикæйы сæргълууæгыл, кæцы нысан кæны бæстæйы мидæггагон мæ æддагон политикæйы сæйраг кахдзæфтæ.

Республикæйы президент æвзæрст цæуы конституцион законмæ гæсгæ, æххæсткар æмбæстæгты æппæтиумæйаг хъæлæскæнынады руаджы. Президент æвзæрст цæуы фондз азы æмгъуыдмæ.

Нурсултан Абишы фырт Назарбаев райгуырд 6-æм июля 1940 азы Алма-Атæйы облæсты Чемолганы хъæуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0