Европӕ ӕмӕ Америчы цымыдис кӕнынц дунейон цауты фӕдыл альтернативон цӕстӕнгас

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæЕвропӕ ӕмӕ Америчы цӕрджыты цымыдис кӕны ӕхсӕнадӕмон цауты фӕдыл альтернативон цӕстӕнгас
Европӕ ӕмӕ Америчы цӕрджыты цымыдис кӕны  ӕхсӕнадӕмон цауты фӕдыл альтернативон цӕстӕнгас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Европӕ ӕмӕ АИШ цӕрджытӕ равдыстой цымыдисдзинад альтернативон цӕстӕнгасмӕ дунейон цауты фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Европӕ ӕмӕ Америчы ӕрфарстуӕвӕг респондентты фылдӕр хай равдыстой цымыдисдзинад ӕхсӕнадӕмон цауты фӕдыл альтернативон цӕстӕнгасмӕ, уыдоны ӕхсӕн уӕрӕсейаг массон информацийы фӕрӕзты цӕстӕнгасмӕ дӕр. Ӕрфарст ауагъта агентад ICM Research ног хабӕртты агентад Sputnik- ӕн проект "Sputnik. Цӕстӕгас"-ы фӕлгӕтты.

Респонденттӕ дзуапп радтой ахӕм фарстӕн: " Цас цымыдисон уын уаиккой ӕхсӕнадӕмон цауты тыххӕй альтернативон цӕстӕнгастимӕ зонгӕ кӕнын, зӕгъӕм уӕрӕсейаг массон информацийы фӕрӕзты цӕстӕнгасимӕ". Ӕрфарсты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, европейӕгтӕ ӕмӕ америкӕгты 60% фӕнды, цӕмӕй массон информацийы фӕрӕзтӕ ӕвдисой дунейон резонансон хабӕртты тыхӕй хицӕн ӕмӕ хицӕн цӕстӕнгастӕ.

Ӕрфарст ауагъта 20 мартӕй 9 аперлмӕ ног хабӕртты агентад Sputnik- ӕн агентад ICM Research. Хайад дзы райстой 5001 адӕймаджы Стыр Британийы, Францы, Германы, АИШ ӕмӕ Грецийы.

Ӕрфарст куыд равдыста, афтӕмӕй иууыл фылдӕр цымыдисдзинад хицӕн ӕмӕ хицӕн цӕстынгасмӕ дунейон хабӕртты тыхӕй ӕвзӕры Грецийы цӕрджытӕм — 81%. Афтӕ ма бӕрзонд у Стыр Британи, АИШ ӕмӕ Германы цӕрджыты цымыдисдзинад дӕр(57% — АИШ ӕмӕ Стыр Британийы, 55% — та Германы). Францы ацы хъуыддаг цымыдис кӕны цӕрджыты ӕмбисмӕ ӕввахс — 49%.

Проект "Sputnik. Цӕстӕгас"-ы фӕлгӕтты регуляронӕй уагъд цӕуынц алыхуызон ӕрфарстытӕ Европӕ ӕмӕ АИШы бӕстӕты иууыл актуалондӕр социалон ӕмӕ политикон фарстыты фӕдыл ӕхсӕнадон цӕстӕнгас табӕрӕг кӕныны сӕраппонд. Ног хабӕртты агентад Sputnik-ы партнерӕй ралӕууыд британиаг иртасӕн компани ICM Research.

Ног хабӕртты лентӕ
0