Республикӕ Хуссар Ирыстон. Иумӕйаг информаци

© Photo : Пресс-служба президента и правительства РЮОХуссар Ирыстоны парламенты агъуыст
Хуссар Ирыстоны парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ Хуссар Ирыстон - паддзахад Хуссар Кавказы.

Республикӕйы территори — 3.900 квадратон километр. Цӕрӕгад — 70 мин адӕймаджы онг. Сӕйраг горӕт — Цхинвал. Республикӕйы территори дих у цыппар административон районыл: Дзауы, Цхинвалы, Знауыры ӕмӕ Ленингоры.

© Sputnik / Ада БагианХрам Рождества пресвятой Богородицы в Цхинвале
Храм Рождества пресвятой Богородицы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Храм Рождества пресвятой Богородицы в Цхинвале


Паддзахадон ӕвзӕгтӕ — ирон, уырыссаг. Дин — рӕстуырнынад. Валютӕ — уӕрӕсейаг сом (рубль). Рӕстӕг Хуссар Ирыстоны ӕмдзыд кӕны уӕрӕсейаг рӕстӕгимӕ. Хицауиуӕджы формӕ — президенон республикӕ. Парламент у иупалатӕйон, конд у 34 депутӕй.

Республикӕйы равзӕрд

Республикӕ Хуссар Ирыстон йӕ хӕдбардзинад расидт 1991 азы 29 майы. Уымӕн развӕд кодта ӕртӕ азы дӕргъы Гуырдзыстонимӕ политикон ӕмӕ ӕфсӕддон ныхмӕлӕууынад. Гуырдзыстонимӕ конфликт ахаста суанг 2008 азы онг, уӕд Тбилис аскуыддзаг кодта йӕхицӕн тыхон архайд ӕмӕ гӕрзифтонгӕй ӕрбабырста Хуссар Ирыстонмӕ. 2008 азы хӕстон архайдтытӕ, кӕцыты фӕстӕдӕр схуыдтой "Фондзбонон хӕст", кӕронмӕ бацыдысты Уӕрӕсе Гуырдзыйы ӕвӕндонӕй сабырдзинадмӕ куы ӕркодта ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта, уӕд.

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезиденты РФ и РЮО В.Путин и Л.Тибилов
Президенты РФ и РЮО В.Путин и Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты РФ и РЮО В.Путин и Л.Тибилов

Абоны бон Хуссар Ирыстоны суверенитет банымадта Уӕрӕсӕйы Федераци, Никарагуа, Венесуэлӕ, Науру, афтӕ ма Абхаз, Приднестроваг Молдаваг Республикӕ, Уӕлхох-Карабахы Республикӕ, Республикӕ Сербаг Крайна ӕмӕ Гагаузия, Донецкаг ӕмӕ Луганскаг Адӕмон Республикӕтӕ.

ГЕОГРАФИ

Хуссар Ирыстоны территорийӕ 89,3% фылдӕр у денджызы ӕмвӕзадӕй 1000 метры бӕрзӕндӕн.Рельеф — хӕххон. Иуыл бӕрзонддӕр бынат республикӕйы — хох Халаца, 3.938 метры. Сӕйраг кавказаг хохы рагъ ӕхгӕны республикӕйы цӕгаттаг уазал дымгӕтӕй, уымӕ гӕсгӕ йӕ астӕуккаг температурӕ у бӕрзонддӕр Кавказы иннӕ территоритӕй. Январы мӕйы астӕуккаг температурӕ — +4,5 С, июлы +20,3 С. Дӕлдзырӕдты астӕуккаг нымӕц афӕдзы дӕргъы у 598 мм.

© Sputnik / Дина ГассиеваОзеро Эрцо, Южная Осетия
Озеро Эрцо, Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Озеро Эрцо, Южная Осетия


Республикӕйы иууыл стырдӕр цӕдтӕ — Хъел, Эрцъо, Цителихаттаг ӕмӕ Къоз. Иуыл стырдӕр цӕугӕдӕттӕ Хуссар Ирастоны — Стыр Леуахи, Ксан, Чысыл Леуахи. Иууыл хуссайрагдӕр цӕрӕнбынат — хъӕу Орчъосан, иуыл ныгуылӕйнагдӕр — Переу.

Паддзахон символикӕ

ГЕРБ

Рагон Ирыстоны Герб фыццаджыдӕр уыд хӕххон рӕхысты ӕндӕрг, уыдоны тарцъӕх фоныл зынд сабыр, фӕлӕ къӕрцхъус барс (леопард). Цӕрӕгойӕн йӕ урс буарыл — сау тӕппытӕ. Гербӕн йӕ сӕйраг компоненттӕй иу — авд хохты сауӕндӕрджы — куыд ирӕтты цӕрӕнбынаты ландшафты символ.

© Sputnik / Ада БагианГерб Республики Южная Осетия
Герб Республики Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Герб Республики Южная Осетия


ТЫРЫСА

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон символы хуызы Тырыса фидаргонд æрцыд 1992 азы 13 январы Паддзахадон тырысайы Закъонмæ гæсгæ. Абон ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбарырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.

ГИМН

Ныхӕсты автор — Кокайты Тотраз, композитор — Ӕлборты Феликс. Гимн фидаргонд ӕрцыдис 5 майы 1995 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр Советы сессийыл.

Республикае Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимн "Уарзон Ирыстон"

Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн
Лæууæм цырагъау мах уырдыг,
Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн,
Ды — нæ цин æмæ хъыг!
Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард,
Дæ ном дын исæм бæрзонд,
Удуæлдай дын кæнæм лæггад,
Дæуæн у нæ цард нывонд!

Базард:

Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!


Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ, —
Зылди дæ фæдыл сау фыдох,
Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй
Кодтой дæ зынтæ рох.
Царды рухсмæ æдзух цыдтæ, Фыдбонты нæ саст дæ ныфс,
Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ,
Æргомæй размæ цæуыс!

Базард:

Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд радт!
(Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Иры дзыллæйæн фæндагамонд радт!)

Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг!
Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæзт,
Ацы дунейы нын масты уæзæй
Ма у дих æмæ уæрст,
Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном,
Бæрзонддæр кæнæд дæ кад,
Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом,
Дæ фæрцы рухс у нæ цард!

Базард:

Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!
(Уæ, бæсты фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ —
Нæ уарзон Ирæн Ды-иу амонд ратт!
Ном æмæ йын кад!)

Ног хабӕртты лентӕ
0