Хуссар Ирыстоны адӕм тынг хорз зӕрдӕ дарынц Мамсыраты Таймуразмӕ, мысынц ын йе ‘стыр лӕггӕдтӕ куыд 2008 азы Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы, афтӕ фӕсхӕстон ӕзты дӕр, — загъта Тыбылты Леонид.
"Мамсыраты Таймураз Ирыстон æмæ йæ адæмы никуы дих кодта. 2008 азы, нæ республикæйæн иууыл уæззаудæр рæстæджы, уый Хуссар Ирыстонмæ æрцыдис 8 августы райсомæй, æрбалæууыд республикæйы адæм æмæ разамынады фарсмæ. Хуссарирыстойнаг адæмы 'рдыгæй Таймураз Дзамбеджы фыртмæ ис иттæг хъарм ахаст», — загъта президент.
Тыбылты Леонид ма банысан кодта, фæсхæсты азты дӕр Хуссар Ирыстоны æндидзынады фæдыл Мамсыраты Таймураз цы стыр куыст кодта, уый.