Цхинвалы уагъд ӕрцыд скъолаты рауагъдонты традицион бал. Студентон цардмӕ бахиздзысты 477 хуссарирыстойнаг рауагъдоны.
Мадзӕлттӕ райдыдтой хицауады бӕстыхайы размӕ рауагъдонты парадӕй. Дарддӕр сын хицауады рабадтыты залы раарфӕ кодта президент Тыбылты Леонид.
Уый фӕстӕ рауагъдонтӕн Театралон фӕзуаты уагъд ӕрцыд концерт.

1/20
© Sputnik / Ада Багиан
Иумӕйаг къамтӕ рауагъдонты зӕрдыл лӕууын кӕндзысты сӕ скъолайон бонтӕ

2/20
© Sputnik / Ада Багиан
Скъолайӕн хӕрзбон загътой 477 хуссарирыстойнаг рауагъдоны

3/20
© Sputnik / Ада Багиан
Рауагъдонтӕ сӕ ног цардмӕ хизынц рӕсугъд фӕллыстӕй

4/20
© Sputnik / Ада Багиан
Рауагъдонтӕ сӕ ног цардмӕ хизынц рӕсугъд фӕллыстӕй

5/20
© Sputnik / Ада Багиан
Ӕгӕрыстӕмӕй ма сӕ ахуыргӕнджыты дӕр абон уарзынц фылдӕр

6/20
© Sputnik / Ада Багиан
Абон ма рауагъдонты ӕмрӕнхъ у ахуыргӕнджыты бӕрӕгбон дӕр

7/20
© Sputnik / Ада Багиан
Ӕвзонг лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ сӕ ног цардмӕ хизынц ног фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытимӕ

8/20
© Sputnik / Ада Багиан
Сырх гауыз – фӕндаг рӕсугъд фидӕнмӕ

9/20
© Sputnik / Ада Багиан
Мадзӕлттӕ райдыдтой хицауады бӕстыхайы размӕ рауагъдонты парадӕй

10/20
© Sputnik / Ада Багиан
Рауагъдонтӕ сӕ ног цардмӕ хизынц рӕсугъд фӕллыстӕй

11/20
© Sputnik / Ада Багиан
Зӕрдӕбын арфӕтимӕ рауагъдонтӕ фидар кахдзӕфтӕй бырсынц рӕсугъд фидӕнмӕ

12/20
© Sputnik / Ада Багиан
Ацы бонмӕ рауагъдонтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕнӕрхъӕцӕй

13/20
© Sputnik / Ада Багиан
Сырх гауыз – фӕндаг рӕсугъд фидӕнмӕ

14/20
© Sputnik / Ада Багиан
Уыдон ма сӕ дӕсныдзинад ӕвдисынц кафт ӕмӕ зардӕй дӕр

15/20
© Sputnik / Ада Багиан
Рауагъдонтӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбыцыдысты президент Тыбылты Леонид, хицауады уӕнгтӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ӕввахс адӕм

16/20
© Sputnik / Ада Багиан
Рӕсугъд фӕсивӕдӕн – рӕсугъд фидӕн

17/20
© Sputnik / Ада Багиан
Кӕд абон хъӕлдзӕг бӕрӕгбон у, уӕддӕр рауагъдонты цӕсгӕмттыл бӕрӕгӕй зыны, зын сын кӕй у скъолайӕн хӕрзбон дзурын

18/20
© Sputnik / Ада Багиан
Разӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц экзаментӕ ӕмӕ студентон бонтӕ

19/20
© Sputnik / Ада Багиан
Бӕрӕгбон ӕнӕ тортӕй цӕй бӕрӕгбон у

20/20
© Sputnik / Ада Багиан
Уыдон ма сӕ дӕсныдзинад ӕвдисынц кафт ӕмӕ зардӕй дӕр