Нозтджын шофыртӕм 1 июлӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахӕстон

© Sputnik / Юрий Стрелец /  Ахизын медиабанкмæНозтджын шофыртӕм 1 июлӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахӕстон
Нозтджын шофыртӕм 1 июлӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахӕстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы 1 июлӕй фӕкарздӕр уыдзӕн нозтджын уагӕй хӕдтулгӕ скъӕрыны фӕдыл ӕфхӕрд. Хуссар Ирыстоны ахӕм мадзӕлттӕ мидхъуыддӕгты министрады хъӕппӕрисӕй ист ӕрцыдысты 2015 азы майы мӕйы.

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы 1 июлӕй уголовон ӕфхӕрд ӕййафдзысты шофыртӕ, кӕцытӕ дыккаг хатт урӕд ӕрцӕудзысты хӕдтулгӕ нозтджын уагӕй скъӕргӕйӕ, фехъусын кодта къуырисӕры РИА-Новости.

Ацы бон сӕ тыхы бацӕудзысты УФ уголовон закъондӕттынадмӕ ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ рагхыгъд кӕныц расыгӕй автотранспорт скъӕргӕйӕ фӕлхаттгонд баурӕды тыххӕй бӕрндзинад фӕкарздӕр кӕнын, кӕнӕ нозтджын шофыр медицинон басгӕрст куынӕ разы кӕна рацӕуын.

УФ уголовон кодексы ног статьяйы максималон ӕфхӕрд у дыууӕ азмӕ ахӕстонмӕ бакӕнд скъӕрӕн бартӕ байстимӕ.

РХИ-йы ахӕм мадзӕлттӕ ист ӕрцыдысты майы мӕйы ӕмӕ ахъаз уыдзысты фӕндагон-транспортон цаутӕ фӕкъаддӕр кӕнынӕн, уыдон фӕстиуӕгӕн 2014 азы республикӕйы фӕндӕгтыл фӕмард 8 адӕймаджы.

Ног уагӕвӕрдтӕ сӕ тыхы бацыдӕй фӕткхалджытӕ ахст цӕудзысты 10 —15 суткӕмӕ.

Административон бӕрн кӕмӕ нӕ цӕуа ист, уыдон иваргонд цӕудзысты 30 мин сомы бӕрц.

Барсӕттӕн архайдтӕ фӕлхатт куы ӕрцӕуой, уӕд та ивары бӕрц уыдзӕн 50 мин сомы ӕртӕ азмӕ скъӕрӕн бартӕ байстимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0