2015 азы Цхинвалыл ӕххӕст кӕны 1750 азы. Горӕты фыццаг цӕрӕн пункттӕ арӕзт ӕрцыдысты нӕ эрӕйы 265 (кӕцыдӕр бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та 262) азы, сарӕзта сӕ персаг династи Аршакидты паддзах Асфагур.
Историон зонӕдты доктор, историограф Санахъоты Мурӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, горӕты ном равзӕрд персаг дзырд "цхинвал"-ӕй, кӕцы нысан кӕны горӕт.
1934 азы Иосиф Сталины разыдзинадӕй Цхинвалӕн йӕ ном аивтой Сталинирмӕ. 1961 азы горӕтӕн раздӕхтой йӕ раздӕры ном.
2009 азы Цхинвалӕн раттӕуыд Горӕт-Хъайтары ном.
Абон горӕты иуварс цӕуынц хӕстон ивгъуыды фӕстиуджытӕ. Ӕндидзынц пырх бӕстыхӕйттӕ, фӕзындысты ног хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕ, ӕнӕхъӕн микрорайонтӕ, фӕлӕ историон центр баззад ӕнӕаивгӕйӕ ӕмӕ Цхинвалы алы цӕрӕгӕн дӕр у зынаргъ.

1/24
© Архивное фото
Советты хӕдзар арӕзт ӕрцыд 1937 азы. Ам архайдтой автономон облӕсты къухдариуӕгады органтӕ. Фӕстӕдӕр бӕстыхайы актон залы сӕвӕрдтой музыкалон орган ӕмӕ дзы эстрадон къордтӕ ӕвдыстой сӕ арӕхстдзинад, уагъд дзы цыдысты алыгъуызон мадзӕлттӕ. Афтӕ ма ам расидт ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад.

2/24
© Sputnik / Ада Багиан
2008 азы хӕсты рӕстӕджы ацы бӕстыхай иууылдӕр басыгъд. Агъуысты асинтыл хӕсты хӕдфӕстӕ Мариинаг театры оркестр Гергиты Валерийы разамындӕй ауагъта концерт. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ацы бӕстыхай ссис ӕнӕбасӕтгӕ Цхинвалы символ. Абон ам архайы республикӕйы парламент.

3/24
© Архивное фото
Ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы цырт.

4/24
© Sputnik / Ада Багиан
Цхинвалы центры Къостайы цырт 1939 азы сарӕзта зынгӕ ирон скульптор Дзантиаты Игорь, цырты арӕзтадӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кодтой цӕрджытӕ.

5/24
© Архивное фото
Леуахийы цӕугӕдоны сӕрты зӕронд хид ӕрӕзт ӕрцыд XIX ӕнусы кӕрон. Сӕрӕй хид уыд хъӕдӕй арӕзт.

6/24
© Sputnik / Ада Багиан
Зӕронд хид абон у капиталонӕй цалцӕггӕнинаг. Йӕ сӕрты уӕзласӕн транспортӕн нӕй гӕнӕн хизын.

7/24
© Архивон къам
Мӕскуыйы уынг афтӕ рахуыдтой уымӕн, ӕмӕ уыд Цхинвалӕй советон иумӕйаг сӕйраг горӕт Мӕскуыйы ‘рдыгӕй.

8/24
© Sputnik / Ада Багиан
Ацы уынгыл 80 азы размӕ арӕзт ӕрцыд горӕты 3-аг астӕуккаг скъола.

9/24
© Архивное фото
Цӕугӕдон Стыр Леуахи дих кӕны Цхинвалы рахисфарс ӕмӕ галиуфарс районтыл.

10/24
© Sputnik / Роин Бибылты
Сӕрдыгон бонты хӕххон знӕт Леуахийӕн йӕ тых зынгӕ фӕсӕтты.

11/24
© Архивное фото
Хетӕгкаты Къоста ӕмӕ Тугъанты Махарбеджы уынгты баиу.

12/24
© Sputnik / Ада Багин
Абон централон афтиагы цымыдисон архитектурӕ бамбӕхстой бӕлӕстӕ.

13/24
© Архивное фото
Тыбылты Алыксандыры номыл педагогон институты ӕмдзӕрӕндоны арӕзтад.

14/24
© Sputnik / Ада Багиан
Уӕлдӕр ахуыргӕнӕндон 90-ӕм ӕзты райста университеты статус.

15/24
© Архивное фото
Тельманы уынгыл Сыгъдӕг Георгийы аргъуан.

16/24
© Sputnik / Ада Багиан
Аргъуан йӕ рагон хуыз бирӕ ницы фӕивта.

17/24
© Архивное фото
Мадымайрӕмы аргъуан Цхинвалы арӕзт ӕрцыд 1718 азы.

18/24
© Sputnik / Ада Багиан
Абон уый у республикӕйы сӕйраг аргъуан. Ам уагъд цӕуынц Хуыцауы куывдтытӕ ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл.

19/24
© Архивное фото
Ацы бӕстыхайы Хетӕгкаты Къостайы уынгыл уыд банк.

20/24
© Sputnik / Ада Багиан
Ныр та дзы арӕзт ӕрцыд Националон музей.

21/24
© Архивное фото
13 коммунары уынгӕн ном лӕвӕрд ӕрцыд коммунарты цытӕн, кӕцытӕ растадысты гуырдзиаг меньшевикты ныхмӕ. Уыдонӕй 13 фехстой гуырдзиаг фашисттӕ.

22/24
© Sputnik / Ада Багиан
Кӕддӕр ацы уынг уыд горӕты сӕйрагдӕртӕй сӕ иу, ныр та аззад фӕсфӕд ран.

23/24
© Архивное фото
Ленины уынг. Зыны дзы Хуссар Ирыстоны педагогон институт ӕмӕ 6-ӕм скъола.

24/24
© Sputnik / Ада Багиан
Абон уый у Джиоты Аланы проспект. Уынг хӕрзарӕзт ӕрцыд 2008 азы хӕсты фӕстӕ. Фӕлӕ паддзахадон университеты агъуыст нырма не ‘рцыд цалцӕггонд.