Ленингоры районы фенӕн ис бирӕ аргъуантӕ, кувӕндӕттӕ, фидӕрттӕ ӕмӕ ӕндӕр историон цыртдзӕвӕнтӕ.
Хуссар Ирыстон ӕввахс базонынӕн, йӕ историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ, географион хицӕндзинӕдтӕ ӕмӕ алӕмӕттаг бынӕттимӕ базонгӕ кӕнынӕн республикӕ хъуамӕ ацӕуай раст ӕмӕ цӕхгӕрмӕ. Ӕмӕ кӕд йӕ территори егъау нӕу, уӕддӕр бахъӕудзӕн цалдӕр къуырийы.
Фылдӕр хатт та Хуссар Ирыстон ӕмӕ йӕ уазджытӕн активон улӕфтӕн вӕййы иу- дыууӕ боны.
Туристтӕн феххуысы нысанӕн мах бацӕттӕ кодтам фенддаг бынӕтты къамты лентӕ.
Нӕ фыццаг балц мах акодтам Ленингоры районмӕ, кӕцы хъӕздыг у историон цыртдзӕвӕнтӕй.
Редакци бузныг зӕгъы Плиты Вадимӕн ӕрмӕг саразыны хъуыддаджы йе ‘ххуысы тыххӕй.
© Sputnik / Ада БагианЦхинвалӕй Ленингормӕ фӕндаг арӕзт ӕрцыд Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Ленингормӕ цыды рӕстӕг уый фӕрцы фӕцыбыр цыппар хатты. Ныртӕккӕ республикӕйы сӕйраг горӕтӕй районы центрмӕ цыды рӕстӕг иу сахат дӕр нӕу.
1/16
© Sputnik / Ада Багиан
Цхинвалӕй Ленингормӕ фӕндаг арӕзт ӕрцыд Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Ленингормӕ цыды рӕстӕг уый фӕрцы фӕцыбыр цыппар хатты. Ныртӕккӕ республикӕйы сӕйраг горӕтӕй районы центрмӕ цыды рӕстӕг иу сахат дӕр нӕу.
© Sputnik / Ада БагианСыгъдӕг Михаилы аргъуан Икъортайы арӕзт ӕрцыд XII ӕнусы, фӕлӕ йӕ ныры архитектурӕмӕ гӕсгӕ уый рацӕрӕзтой XVII- XVIII ӕнусты.
2/16
© Sputnik / Ада Багиан
Сыгъдӕг Михаилы аргъуан Икъортайы арӕзт ӕрцыд XII ӕнусы, фӕлӕ йӕ ныры архитектурӕмӕ гӕсгӕ уый рацӕрӕзтой XVII- XVIII ӕнусты.
© Sputnik / Ада БагианИкъортайы аргъуаны къул. Историон цыртдзӕвӕн реставраци райдыдтой ЮНЕСКО-йы нывӕзты фӕлгӕтты. Фӕлӕ куыстытӕ кӕронмӕ нӕ бахӕццӕ сты.
3/16
© Sputnik / Ада Багиан
Икъортайы аргъуаны къул. Историон цыртдзӕвӕн реставраци райдыдтой ЮНЕСКО-йы нывӕзты фӕлгӕтты. Фӕлӕ куыстытӕ кӕронмӕ нӕ бахӕццӕ сты.
© Sputnik / Ада БагианАм райдайы Хуссар Ирыстоны Ленингоры район.
4/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ам райдайы Хуссар Ирыстоны Ленингоры район.
© Sputnik / Ада БагианЛенингоры поселокы уӕвӕг Мадымайрӕмы аргъуаны службӕтӕ уадзынц Гуырдзиаг Рӕстдинон Дзуары сауджынтӕ. Алайнаг Епархи сын уый мидӕг цӕлхдуртӕ не ‘вӕры.
5/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ленингоры поселокы уӕвӕг Мадымайрӕмы аргъуаны службӕтӕ уадзынц Гуырдзиаг Рӕстдинон Дзуары сауджынтӕ. Алайнаг Епархи сын уый мидӕг цӕлхдуртӕ не ‘вӕры.
© Sputnik / Ада БагианЛенингоры фенӕн ис нырыккон цыртдзӕвӕнтӕ дӕр. Хетӕгкаты Къостайы, Александр Пушкин ӕмӕ Шота Руставелийӕн иумӕйаг цыртдзӕвӕн.
6/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ленингоры фенӕн ис нырыккон цыртдзӕвӕнтӕ дӕр. Хетӕгкаты Къостайы, Александр Пушкин ӕмӕ Шота Руставелийӕн иумӕйаг цыртдзӕвӕн.
© Sputnik / Ада БагианАцы хӕдзар Ленингоры поселокы кӕрон хуымӕтӕгӕй хонынц "цъӕх хӕдзар".
7/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ацы хӕдзар Ленингоры поселокы кӕрон хуымӕтӕгӕй хонынц "цъӕх хӕдзар".
© Sputnik / Ада БагианЛенингоры цӕрджытӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитынц доминойӕ хъазгӕйӕ.
8/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ленингоры цӕрджытӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитынц доминойӕ хъазгӕйӕ.
© Sputnik / Ада БагианЭрыстауты байзӕддӕгтӕ цардысты ацы хӕдзары 1930-ӕм азы онг, кӕцы арӕзт ӕрцыд XVII ӕнусы. Ныртӕккӕ ам ис музей.
9/16
© Sputnik / Ада Багиан
Эрыстауты байзӕддӕгтӕ цардысты ацы хӕдзары 1930-ӕм азы онг, кӕцы арӕзт ӕрцыд XVII ӕнусы. Ныртӕккӕ ам ис музей.
© Sputnik / Ада БагианЛаргвисы цы историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ ис, уыдон сты паддзахады хъахъхъӕды бын.
10/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ларгвисы цы историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ ис, уыдон сты паддзахады хъахъхъӕды бын.
© Sputnik / Ада БагианЛаргвисы цы историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ ис, уыдон сты паддзахады хъахъхъӕды бын.
11/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ларгвисы цы историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ ис, уыдон сты паддзахады хъахъхъӕды бын.
© Sputnik / Ада БагианЛаргвисы аргъуаны цур дзӕнгӕрӕг.
12/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ларгвисы аргъуаны цур дзӕнгӕрӕг.
© Sputnik / Ада БагианРайоны ссарӕн ис рагондӕр агъуыстытӕ. Зӕгъӕм, ацы кувӕндон Къоринтайы хъӕумӕ ӕввахс арӕзт ӕрцыд VII ӕнусы
13/16
© Sputnik / Ада Багиан
Районы ссарӕн ис рагондӕр агъуыстытӕ. Зӕгъӕм, ацы кувӕндон Къоринтайы хъӕумӕ ӕввахс арӕзт ӕрцыд VII ӕнусы
© Sputnik / Ада БагианЛенингоры районы Ахмаджы хъӕумӕ ӕввахс ис Сыгъдӕг Георгийы аргъуан.
14/16
© Sputnik / Ада Багиан
Ленингоры районы Ахмаджы хъӕумӕ ӕввахс ис Сыгъдӕг Георгийы аргъуан.
Алеуы ком: Чысандон, Алеуы къӕдзӕх ӕмӕ сылгоймӕгты моладзандоны уындтӕ.
15/16
Алеуы ком: Чысандон, Алеуы къӕдзӕх ӕмӕ сылгоймӕгты моладзандоны уындтӕ.
© Sputnik / Ада БагианФидар арӕзт у ахӕм стратегион бӕрзӕндыл ӕмӕ ӕмрӕстӕг хъахъхъӕны йӕхи дӕр ӕмӕ ком ӕнӕхъӕнӕй дӕр.
16/16
© Sputnik / Ада Багиан
Фидар арӕзт у ахӕм стратегион бӕрзӕндыл ӕмӕ ӕмрӕстӕг хъахъхъӕны йӕхи дӕр ӕмӕ ком ӕнӕхъӕнӕй дӕр.