Цхинвалы центры басыгъд хӕдтулгӕ

© Sputnik / Наталья КелехсаеваЦхинвалы центры басыгъд хӕдтулгӕ
Цхинвалы центры басыгъд хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ӕнӕрӕвдз электросистемӕйы аххосӕй басыгъд хӕдтулгӕ.

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Цхинвалы центры дыццӕджы ссыгъд хӕдтулгӕ, ӕвирхъау цауы фӕстиуӕгӕн уды зиан не ‘рцыд, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

"Машинӕ ссыгъд Хъайтарты уынгыл. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзты аххосаг уыд хӕдтулгӕйы ӕнӕрӕвдз электросистемӕ. Зынгсирвӕзты рӕстӕджы машинӕйы ничи уыд", — радзырдтой УУМ пресс-службӕйы.

Судзгӕ хӕдтулгӕ уайтагъддӕр ахуыссын кодтой 1-аг зынгхуыссӕн-ирвӕзынгӕнӕн хайады кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0