Донецкы фæнды Хуссар Ирыстонимæ хъæууон хæдзарады сферæйы æмгуыст кæнын

© Фото с места событияДАР æмæ РХИ
ДАР æмæ  РХИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Донецкы ныфс ис хæлцадæй ифтонг кæныны проблемæ аскъуыддзаг кæнын Хуссар Ирыстонимæ экономикон æмгуыстгæнынады фæрцы.

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Донецкаг адӕмон республикӕ æмæ Хуссар Ирыстоны ӕхсæн æмгуыстгæнынады сæйрагдæр здæхт уыдзæн экономикон, цæй фæрцы иуварс æрцæудзæн хæлцадæй ифтонг кæныны проблемæ, загъта ДАР фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Александр Кофман.

Ивгъуыд азы кæронæй ДАР ис экономикон блокадӕйы. Украинӕ Донбассы территорийæ ракодта паддзахадон уагдæттæ æмæ банктæ. Январæй Украинӕйы хицауады бардзырдмæ гæсгæ Донбассы кусы уадзæн режим. ЛАР æмæ ДАР-мæ бацæуын кæнæ рахизын гæнæн ис æрмæстдæр сæрмагонд пропускæй. 7 июлæй Донбассы кусы уадзæн электронон системæ, кæцы фæрогдæр кæндзæн документтæ райсыны процесс.

"Ныртæккæ арæзт цæуынц сӕрмагонд къордтæ, куыд мах фарсæй, афтæ Хуссар Ирыстоны фарсæй дӕр æмхæларад æмæ æмгуыстады æхсæнадæмон бадзырдыл бакусынæн. Кусæгон къордтæ дыууæварсонæй кусынц бадзырдтыл",- загъта Кофман.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйæн ныртæккæ иууыл ахсджиаг дæр у экономикон æмгуыстад, уымæн æмæ цæмæй республикæмæ цæуой продукттæ, ДАР-æн æнæмæнгхъæуæг у фæлхасгæнæн къалати саразын.

"Ис бæлвырд зындзинæдтæ, æнæнымад кæй стæм, уый тыххӕй. Хуссар Ирыстоны фæрцы ацы зындзинæдтæ цæуынц иуварс",- загъта министр.

Кофман фехъусын кодта, кæй æртæрхон кодта Хуссар Ирыстоны минæваримæ республикæты ӕхсæн бадзырдтыл къухтæ бафыссыны тыххæй кусæгон къордтæ саразыны фарстыл.

Хуссар Ирыстон банымадта ДАР æмæ ЛАР-ы хæдбардзинад 2014 азы июны. Ацы аз республикæты байгом сты дипломатон минæварадтæ. Хуссар Ирыстон снысан кодта йæ минæвæртты ДАР æмæ ЛАР-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0