ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сырæзтысты фидæны дыууæ политикон партиты оргкомитеттæ, фехъусын кодтой къуырисæры Sputnik республикæйы Юстицийы министрады.
Ацы уагдонмæ æрбацыд хъусынгæнæнтæ партитæ "Астӕ" æмæ "Ирон Фарн"-ы оргкомитетты сырæзты тыххæй.
"Æввахс рæстæджы партитæ хъуамæ ауадзой бындурæвæрæн уанелтæ, уый фæстæ та сæ документтæ бадæттæй Юстицийы министрадмæ паддзахадон регистраци рацæуыны тыххæй ", — фехъусын кодта Юстицийы министрады паддзахадон регистрацийы хайады гæс Кокойты Арина.
Йӕ ныхæстæм гæсгæ, Юстицийы министрадмæ æрбацыд хъусынгæнæн ноджы ма иу парти — "Хуссар Ирыстоны коммунисты парти"-йæ, оргкомитеты сырæзты тыххæй. Фæлæ документтæ æздæхт ӕрцыдысты организатортæн, нормативон фæткхалдимæ арæзт кæй æрцыдысты, уый аххоссæн.
Хуссар Ирыстоны ныртæккæ архайы 15 политикон партийы. Цыппар дзы ис парламенты сконды.