Уæззау атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионаты ирон спортсмен ссис æвзист призер

© Flickr.comУæззау атлетикæ
Уæззау атлетикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты уӕлахиздзаутӕ хайад райсдзысты уæззау атлетикæйæ дунеон чемпионаты, кæцы уагъд цæудзæн 20—29 ноябры Хьюстоны.

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik. Уæрæсейы чемпионаты уæззау атлетикæйæ цӕгатирыстойнаг спортсмен Наниты Тимур рамбылдта æвзист майдан, хъусын кӕны 15 регион.

Чемпионат уагъд цыд 27 июлæй 3 августмæ уӕрӕсейаг горӕт Старый Осколы.

"Наниты Тимур ерысты архайдта 105 килограммы онг категорийы. Спортсменӕн йæ фыццаг егъау уæлахиз уыд 2014 азы Европæйы чемпионаты дыккаг бынат", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ацы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ хайад райсдзысты уæззау атлетикæйæ дунеон чемпионаты, кæцы уагъд цæудзæн 20—29 ноябры Хьюстоны. Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ лæудзæн Албегты Руслан.

Наниты Тимур у 17 азы онг юниорты æхсæн Европæйы чемпионаты (Испани, 2010) æмæ 20 азы онг (Эстони, 2013) уæлахиздзау. Афтæ ма у 2009 азы 17 азы онг юниорты æхсæн Израилы цæуæг Европæйы чемпионаты æмæ 2011 азы 20 азы онг юниорты æхсæн дунеон чемпионаты Перуйы бронзæйон призер.

Ног хабӕртты лентӕ
0