00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Премьер-министр: ӕртаджы цухдзинад хъӕуы аиуварс кӕнын ӕвӕстиатӕй

© Sputnik / Ада БагианХисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцты бензины аргъыл схӕцыдысты 38-39 соммӕ.
Хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцты бензины аргъыл схӕцыдысты 38-39 соммӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртаджы цухдзинад баст у, Паддзахадон унитарон куыстуат (ПУК) "Югосетнефтепродукт"-ӕн паддзахдон уагдӕттӕ афоныл сӕ бензины аргъ кӕй нӕ фидынц, уыимӕ. Уый хыгъд куыстуатмӕ нӕй фаг финансон фӕрӕзтӕ бензин ӕрласынӕн.

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Ӕртаджы цухдзинады азымджынты агурын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ӕвӕстиатӕй хъӕуы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын, фехъусын кодта РХИ премьер-министр Хъуылымбегты Доменти.

Бензины аргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцты фӕфылдӕр бензины аргъ

Республикӕйы ӕртаджы цухдзинад кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцты бензины аргъыл схӕцыдысты 38-39 соммӕ. Ӕртаджы цухдзинад баст у "Югосетнефтепродукт"- мӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ кӕй нӕй, уыимӕ. Паддзахдон уагдӕттӕ фылдӕр бӕрцӕй ӕмгъуыдмӕ нӕ фидынц сӕ хӕстӕ "Югосетнефтепродукт"- ӕн.

Уагдӕттӕ хӕсджын ӕрцыдысты, цӕмӕй сраст уой "Югосетнефтепродукт"-имӕ. Экономикон райрӕзты министр Зӕгъойты Вильям куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн бахъӕудзӕн 10 боны.

"Сывзӕргӕ уавӕры азымджын агурын нӕ хъӕуы, фӕлӕ хъӕуы ӕртаджы дефицит аиварс кӕнын", — загъта Хъуылымбегты Доменти.

Ӕргътӕ нӕ фӕфылдӕр сты ӕрмӕстдӕр паддзахадон ӕртагкӕнӕн станцы. Ам бензины аргъ ныр дӕр у 33 сомы. Хисӕрмагонд амалиуӕггӕнджытӕ аргътыл кӕй схӕцыдысты, уый баст у УФ ӕргътӕ кӕй фӕфылдӕр сты, уыимӕ. ПУК "Югосетнефтепродукт " директор Тыджыты Владимир ныфс дӕтты, ӕввахс бонты республикӕмӕ кӕй ӕрласдзысты бензин.

Ног хабӕртты лентӕ
0