Цхинвал 2008 азы ӕмӕ авд азы фӕстӕ

Рафыссын
7 азы фӕстӕ хӕсты рӕстӕджы ныппырхгонд бӕстыхӕйттӕн сӕ фылдӕр ӕрцыд цалцӕг Уӕрӕсейы Федерацийы финансон ӕххуысы фӕрцы.

Авд азы размӕ 7 августы Гуырдзыстон расидт Хуссар Ирыстоны ныхмӕ ӕххӕстмасштабон хӕст. "Чистое поле" — ахӕм номимӕ ӕфсӕддон операци райдыдта æмбисæхсæвмæ æввахс, Цхинвалы æмæ горæты алыварс хæдæфсады позициты карз ракетон-артиллерион æхстæй. Æхст нæ сабыр кодта цалдæр сахаты дæргъы. 8 августы райсом раджы горæты æмæ йæ алфæмбылæйтты гуырдзиаг Æфсæддон-уæлдæфон тыхты "штурмовик"-тæ райдыдтой калын бомбæтæ.

Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Æхсты бын фесты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр.

Ӕфсӕддон архайдтытӕ куы фесты, уӕд, ӕмбæхсæнтæй рахизгæйæ, Цхинвалы цæрджыты цæстыты раз лæууыд пырх горæт.

Цхинвалы æнæхъæнæй ныппырх 500 сæрмагонд хæдзары, зиан баййæфтой 3000 хæдзары, басыгъд бирæ нымæц социалон объекттæ — сывӕллӕтты цӕхӕрадӕттӕ, скъолатӕ, административон бӕстыхӕйттӕ.

7 азы фӕстӕ хӕсты рӕстӕджы ныппырхгонд бӕстыхӕйттӕн сӕ фылдӕр ӕрцыд цалцӕг Уӕрӕсейы Федерацийы финансон ӕххуысы фӕрцы.

© Sputnik / архив МЧС РСО-АГуырдзиаг ӕфсады ӕрбабырст райдыдта ӕмбисӕхсӕв ракетон-артиллерион ӕхстӕй. РХИ-йы Парламенты бӕстыхай.
Здание парламента РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/20
Гуырдзиаг ӕфсады ӕрбабырст райдыдта ӕмбисӕхсӕв ракетон-артиллерион ӕхстӕй. РХИ-йы Парламенты бӕстыхай.
© Sputnik / Ада БагианРеспубликӕйы закъондӕттӕн орган фӕстӕмӕ баздӕхт сцалцӕггонд бӕстыхаймӕ.
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/20
Республикӕйы закъондӕттӕн орган фӕстӕмӕ баздӕхт сцалцӕггонд бӕстыхаймӕ.
© Sputnik / архив МЧС РСО-А5-ӕм скъолайы кӕрты мемориалон уӕлмӕрд, цыран се `нусон бынат ссардтой гуырдзиаг агресситы амӕттӕгтӕ
Кладбище во дворе 5 школы в 2008 - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/20
5-ӕм скъолайы кӕрты мемориалон уӕлмӕрд, цыран се `нусон бынат ссардтой гуырдзиаг агресситы амӕттӕгтӕ
© Sputnik / Ада БагианНыппырхгонд уӕлмӕрдты дуртӕ фӕстӕмӕ сцалцӕг кодтой амӕттӕгты хиуӕттӕ.
Спустя 7 лет - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/20
Ныппырхгонд уӕлмӕрдты дуртӕ фӕстӕмӕ сцалцӕг кодтой амӕттӕгты хиуӕттӕ.
© Sputnik / архив МЧС РСО-АРеактивон система "Град" ӕмӕ артиллерийы ӕхст не`рлӕууыд цалдӕр сахаты.
Здание правительства РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/20
Реактивон система "Град" ӕмӕ артиллерийы ӕхст не`рлӕууыд цалдӕр сахаты.
© Sputnik / Ада БагианРХИ-йы Хицауады бӕстыхай.
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/20
РХИ-йы Хицауады бӕстыхай.
© Sputnik / архив МЧС РСО-АТӕболты Сергейы уынгыл муниципалон хӕдзар 2008 азы басыгъд ӕнӕхъӕнӕй.
Дом на ул. Таболова - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/20
Тӕболты Сергейы уынгыл муниципалон хӕдзар 2008 азы басыгъд ӕнӕхъӕнӕй.
© Sputnik / Ада БагианНыртӕккӕ ацы хӕдзар нымад цӕуы элитоныл.
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/20
Ныртӕккӕ ацы хӕдзар нымад цӕуы элитоныл.
© Sputnik / архив МЧС РСО-А2008 азы августы ныппырх сты бирӕнымӕц социалон объекттӕ – сывӕллӕтты цӕхӕрадӕттӕ, скъолатӕ, административон бӕстыхӕйттӕ.
Школа 6 2008 год - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/20
2008 азы августы ныппырх сты бирӕнымӕц социалон объекттӕ – сывӕллӕтты цӕхӕрадӕттӕ, скъолатӕ, административон бӕстыхӕйттӕ.
© Sputnik / Ада Багиан№6-ӕм скъола ӕрцыд цалцӕг ӕмӕ йӕ куыст кӕны ӕххӕстӕй..
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/20
№6-ӕм скъола ӕрцыд цалцӕг ӕмӕ йӕ куыст кӕны ӕххӕстӕй..
© Sputnik / архив МЧС РСО-АСӕрмагонд ӕмӕ муниципалон хӕдзӕртты цӕрджытӕй бирӕтӕ цалдӕр азы дӕргъы цардысты сӕ хӕстӕджытӕм, бирӕтӕ та цатырты.
Дом в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/20
Сӕрмагонд ӕмӕ муниципалон хӕдзӕртты цӕрджытӕй бирӕтӕ цалдӕр азы дӕргъы цардысты сӕ хӕстӕджытӕм, бирӕтӕ та цатырты.
© Sputnik / Ада БагианСӕрмагонд ӕмӕ муниципалон хӕдзӕрттӕн сӕ фылдӕр абоны онг арӕзт ӕрцыдысты ногӕй.
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/20
Сӕрмагонд ӕмӕ муниципалон хӕдзӕрттӕн сӕ фылдӕр абоны онг арӕзт ӕрцыдысты ногӕй.
© Sputnik / Ада БагианМерияйы нымадмӕ гӕсгӕ пырх ӕрцыдысты 500 сӕрмагонд хӕдзары, зиан баййӕфтой 3000 хӕдзары.
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
13/20
Мерияйы нымадмӕ гӕсгӕ пырх ӕрцыдысты 500 сӕрмагонд хӕдзары, зиан баййӕфтой 3000 хӕдзары.
© Sputnik / Ада БагианХъайтарты уынг абон.
ул.Героев 2015 - Sputnik Хуссар Ирыстон
14/20
Хъайтарты уынг абон.
© Sputnik / архив МЧС РСО-АУниверситеты басыгъдгонд бӕстыхай ссис ӕфсӕддон Цхинвалы символ.
Здание Университета 2008 год - Sputnik Хуссар Ирыстон
15/20
Университеты басыгъдгонд бӕстыхай ссис ӕфсӕддон Цхинвалы символ.
© Sputnik / Ада БагианНог бӕстыхайы арӕзтад хаст ӕрцыд Инвестпрограммӕмӕ.
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
16/20
Ног бӕстыхайы арӕзтад хаст ӕрцыд Инвестпрограммӕмӕ.
© Sputnik / архив МЧС РСО-АХъайтарты уынгыл ацы муниципалон хӕдзар гуырдзиаг танктӕ кодтой карз ӕхст.
Дом по улице Героев - Sputnik Хуссар Ирыстон
17/20
Хъайтарты уынгыл ацы муниципалон хӕдзар гуырдзиаг танктӕ кодтой карз ӕхст.
© Sputnik / Ада БагианРацыд 7 азы, фӕлӕ ацы аварион хӕдзар нырмӕ не`рцыд цалцӕггонд.
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
18/20
Рацыд 7 азы, фӕлӕ ацы аварион хӕдзар нырмӕ не`рцыд цалцӕггонд.
© Sputnik / архив МЧС РСО-АСпырхгонд гуырдзиаг танкы хай нынныхст Профцӕдисты бӕстыхайы тыргъы.
Башня танка у здания Совпрофа 2008 год - Sputnik Хуссар Ирыстон
19/20
Спырхгонд гуырдзиаг танкы хай нынныхст Профцӕдисты бӕстыхайы тыргъы.
© Sputnik / Ада БагианУый ныууагътой куыд Цхинвалы хъахъхъӕнджыты ӕфсӕддон хъайтардзинадыл дзурӕг цыртдзӕвӕн.
7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
20/20
Уый ныууагътой куыд Цхинвалы хъахъхъӕнджыты ӕфсӕддон хъайтардзинадыл дзурӕг цыртдзӕвӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0