Горæты центры Хетæгкаты Къостайы цырты цур гом арвы бын Кокион цы концерт ауагъта, уый схуыдта "Ноггæнæн Суадон".
Йæ концертмæ Кокион æрбахуыдта дыууæ пианисткæ — Æлборты Лана æмæ Тедеты Иринайы. Мадзалы ма æнæнхъæлæджы хайад райста иу музыкант. Композитор æмæ зарæггæнæг Харебаты Вадим (Бужук) скверы бадт куыд сценæмæкæсæг, фæлæ фæстæдæр бамбал музыканттæм.
Концерт "Ноггæнæн Суадон" уагъд ӕрцыд республикæйы Фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты æмæ Культурæйы министрады хъæппæрисæй.
Алла Кокион гом арвы бын дæтты концерттæ æртæ азы фæд-фæдыл. Зарæггæнæг йæхæдæг фыссы музыкæ æмæ ныхæстæ йæ зарджытæм, хаттæй хатт спайда кæны поэт Хаджеты Таймуразы уацмыстæй. Уымæй дырддæр ма, Кокион сæххæст кодта Харебаты Вадим æмæ Джыккайты Æсары зарджытæй.

1/11
© Sputnik / Ада Багиан
Сывзæргæ традицимæ гæсгæ зарæггæнæджы концерт цыд Къостайы цырты цур скверы

2/11
© Sputnik / Ада Багиан
Зарæггæнæг цалдæр азы дæтты ахæм концерттæ, кæцытæ æрымбырд кæнынц музыкалон аивады уарзджыты алы кары.

3/11
© Sputnik / Ада Багиан
Зарæггæнæджы репертуары ис Хаджеты Таймуразы, Мæргъиты Ирбегы ныхæстыл йæхи зарджытæ, Харебаты Вадим æмæ Джыккайты Æхсары зарджытæ.

4/11
© Sputnik / Ада Багиан
Концерт "Ноггæнæн Суадон" уагъд `рцыд республикæйы Фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты æмæ Культурæйы министрады хъæппæрисæй

5/11
© Sputnik / Ада Багиан
Гом арвы бын концерт Кокион схуыдта "Ноггæнæн Суадон"

6/11
© Sputnik / Ада Багиан
Кокионы концертмæ Дзæуджыхъæуæй æрцыд пианисткæ Тедеты Ирина

7/11
© Sputnik / Ада Багиан
Зынгæ зарæггæнæг æмæ композитор Харебаты Вадим (Бужук) æнæнхъæлæджы бамбал концертмæ

8/11
© Sputnik / Ада Багиан
Кокионы концерт ацыд ранæуæггонд скверы, цы ран ацы бонты фæзынд Хетæгкаты Къостайы персонаж- Фатимæйы цыртсурæт

9/11
© Sputnik / Ада Багиан
Концерты ма хайад райста музыкант Æлборты Лана.

10/11
© Sputnik / Ада Багиан
Концерты ма хайад райста музыкант Æлборты Лана

11/11
© Sputnik / Ада Багиан
Мадзал æрбамбырд кодта сæдæйæ фылдæр аивадуарзджыты