Уæрæсе цӕттӕ у Китайæн гуманитарон æххуыс бакæнын Тяньцзины срæмыгъды фæстæ

© Sputnik / Сергей Пивоваров /  Ахизын медиабанкмæУæрæсе цӕттӕ у Китайæн гуманитарон æххуыс бакæнын Тяньцзины срæмыгъды фæстæ
Уæрæсе цӕттӕ у Китайæн гуманитарон æххуыс бакæнын Тяньцзины срæмыгъды фæстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы уæлвæткон уавæрты министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй УФ цæттæ у арвитын Китаймӕ нырыккон авиатехникæ, уыдон нымæцы хæдтæхджытæ Ил-76 æмæ Бе-200 зынгирвæзт хуыссынгæнæн ифтонггарзимæ æмæ ирвæзынгæнджыты.

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Уæрæсе цӕттӕ у гуманитарон æххуыс бакæнын Китайæн, цыран наулæууæн горæт Тяньцзины æрцыд стыр срæмыгъд, фехъусын кодта журналисттæн майрæмбоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) сæргълæууæг Владимир Пучков.

Цыппæрæмы УУМ-ы пресс-службæ фехъусын кодта, Пучков кæй арвыста тел Китайы æхсæнадон æдасдзинады министрмæ, цыран бахъардта уæрæсейаг ирвæзынгæнджыты æххуыс уæлвæткон уавæры фæстиуджытæ аиуварс кæныны хъуыддаджы. УУМ равдыста цæттæдзинад Китайæн алыварсон æххуыс бакæнын, сæрмагондæй, арвитын нырыккон авиатехникæ, уыдон нымæцы хæдтæхджытæ Ил-76 æмæ Бе-200 зынгирвæзт хуыссынгæнæн ифтонггарзимæ æмæ ирвæзынгæнджыты.

"Мах цæттæ стæм гуманитарон æххуыс бакæнынмӕ. Ныртæккæ ацы фарст ис китайаг коллегаты контролы бын, кусæгон фæлгæтты нын ис иудадзыг контакт", — загъта Пучков.

Уый ма бафтыдта, УУМ кæй бахъардта йе ‘ххуыс уæлвæткон уавæртæ ликвидаци æмæ рагфæдзæхсты фадыджы æмгуысткæныны дыууæфарсон бадзырды фæлгæтты. Банысан ма кодта, кæд æмæ китайаг коллегаты `рдыгæй куырдиат не `рбацыд, уæддæр Уæрæсе цæттæ у Китайæн æппæт æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0