ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik. Советон Цæдисы адæмон артист Лев Дуров ныгæд æрцæудзæн Новодевичьейаг уæлмæрды, фехъусын кодтой РИА Новости "Малая Бронная"-йы театры.
Советон Цæдисы адæмон артист йæ цардæй ахицæн Мæскуыйы цыппӕрӕмы дæргъвæтин рынчыны фæстæ. Дуровы госпитализацийы хабар райхъуыст 7 августы, йæ уавæрæн дохтыртæ аргъ кодтой куыд тынг уæззау.
"Лев Константины фыртæн фæстаг хæрзбон зæгъдзысты къуырисæры, 24 августы "Малая Бронная"-йы театры. Фæстаг хæрзбоны церемони райдайдзæн райсом 10 сахатыл. Уый фæстæ йæ афæндараст кæндзысты йе ‘нусон бынатмæ — Новодевичьейаг уæлмæрдмæ", — загътой театры.
Уæрæсейаг актер, режиссер, Советон Цæдисы адæмон артист Лев Дуров райгуырд Мæскуыйы 1931азы 23 декабры. Дуров у зындгонд циркон артистты династийæ. 1967 азы уый бацыд Мæскуыйы драмон театрмæ. Киноаивады Дев Дуров ис 1954 азæй фӕстӕмӕ æмæ сæххæст кодта 160 ролæй фылдæр.